ПÆК хъусын кæны информаци оккупацигонд Абхазæй рахизыны рæстæджы æртæ адæймагы мæлæты фæдыл
Паддзахадон æдасдзинады куыст оккупацигонд Абхазы территорийæ рахизыны рæстæджы æртæ адæймажы мæлæты фæдыл официалон информаци ахæлиу кодта.
Хъусинагы банысангонд куыд у афтæмæй, æртæ æмбæстаг архайдтой Ингуры уылты Гуырдзыстоны централон хицауады контролгонд территоримæ рахизын.
ПÆК-ы хъусын кæнынц, цæмæй алы инциденты, сæрибар змæлды æнæзакъонон арæнæвæрдты æмæ æнæзаконон ахстыты фактты фæдыл æхсæнадæмон партнертимæ æмархайдæй слæудзæн оккупацион режимы бæрны фарст.
«Оккупацион хаххыл рахизыны рæстæджы, хъæу Шамгона æмæ хъæу Тагилонмæ хæстæг, Уæрæсейы оккупацион режим, æрцахстыты цы практикæ æрфидар кодта, уымæй хиаиуварс кæныны нысанæн, оккупацигонд Галы районы цæрæг Гуырдзыстоны æртæ æмбæстаг архайдтой, цæугæдон Ингуры уылты Гуырдзыстоны централон хицауады контролгонд территоримæ рахизын. Цæугæдон Ингурыл сæ фæндаг куы лыг кодтой, уæд се ртæ дæр фæмард.
Фæнысангонд у оккупацион режимы æрдгæй, сæрибар змæлдыл æнæзакононæй фидаргонд тобæты æмæ æнæзаконон æрцахстыты практикæйы фæстиуæг. Æрцæугæ факт, ноджы иу хатт равдыста оккупацийы æмвæд процессты антигуманон æмæ фыдгæнæгон миниуæг, кæцыйыл æххæст бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейы Федерацийыл. Азты дæргъы сæрибар бынативдыл уагæвæрд æнæзакъонон а.х. регуляцитæ æмæ тобæтæ, нысаниуæгджынæй фæзын кодтой бынæттон цæрджыты æрвылбойнон цардуаг æмæ уыдонæй бирæ цард амæттаг ссис. Алы инциденты, сæрибар змæлды æнæзаконон арæнæвæрды æмæ æнæзаконон æрцахсты фактыл æхсæнадæмон партнертимæ æмархайдæй, карз бавдыст уыдзæн оккупацион режимы бæрны фарст.
Фæнысангонд факты фæдыл, Гуырдзыстоны Централон хицауад скусын кодта тæвд хахх, информаци лæвæрд æрцыд Евроцæдисы цæстдарæг мисси æмæ Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæм. Фарстыл тæрхон цæудзæн тынг карз формæйæ алы архайæг форматы фæлгæтты», – дзырдæуы ахæлиугонд информацийы.