Паддзахады æмæ USAID-ы æххуысæй, æнгузы æмæ миндал  бакусæн кондад байгом ис
Паддзахады æмæ USAID-ы æххуысæй, æнгузы æмæ миндал бакусæн кондад байгом ис

Гуырдзыстоны æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хадзарады  министры фыццаг  хæдивæг  Нино Тандилашвили, Гуырдзыстоны  АИШ-ы  минæвар Робин Данниган æмæ Кахеты  зылды  паддзахадон  æвджидон  Гиорги Аладашвили  Гурджааны муниципалитеты  хъæу  Чумлахъы, паддзахады æмæ АИШ-ы  æхсæнадæмон рæзынады агентады (USAID) финансон æххуысæй  арызт   æнгузы  æмæ  миндалы  бакусæн  нырыккон стандарттæн ифтонггонд  кондад бабæрæг кодтой.

Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвары Робин Данниганы  фидиуæнæй,  æнгузы æмæ миндалы бакусæн кондад  у хицæн æмæ  паддзахадон сектры, афтæма  USAID-ы  æнгом æмгуыстады  фæстиуæг, кæцы ахъаззаг у бынæттон  фермерты стынг кæнынæн  æмæ  куыстбынæтты сæвзæрын кæнынæн.

хÆрдзы хъахъхъæды министрады инфорамцийæ,  æнæххæстбар æхсæнад «Nuts Processing» кондад саразынæн  3 милуан ларийы бæрц инвестици  сыххæст кодта, кæцыйæ 500 000 ларийы хъæуты рæзынады  агентады грант у; компани  уæлбарджын  агрокредитæй пайда кæны.  Кондады  кæнынхъомад  600 тоннæ у. Ацы  этапыл  уагъд продукцийы реализаци  мид базарыл  цæуы, план кæны продукцийы экспортмæ рахæссын дæр.

Афтæма сæ хъусинагæй, бакуыст æмæ æвæрæн инфраструктурæ срæвдз кæныны æрдгæй, хъæуты райтынгы  агентады æххуыс фæхæццæ ис  æнгузы культурæты  бакусæн 15 кондадмæ, паддзахадон æмфинансдзинад  у 7.1 млн ларийæ фылдæр.