Леван Иоселиани фембæлд сарæзта Робин Данниган æмæ Павел Герчинскиимæ
Гуырдзыстоны æхсæнадон хъахъæнæг Леван Иоселиани Гуырдзыстоны Америкæйы Иугонд Штатты уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Робин Данниганимæ фембæлд.
Æхсæнадон хъахъхъæнæгы Facebook-ы фарсыл апарахатгонд информацийæ, фембæлдыл æхсæнадон хъахъхъæнæг фæстаг рæстæджы цаутыл æмæ офисы архайды фæдыл фæныхас кодта, се æхсæн протестгæнджыты рæстæгмæ изолятортæ æмæ клиникæтæм бабæрæг кæнын, фæдагуырдæн æрмæджытæ æмбырд кæнын æмæ сæ лæвæрд сæрмагонд слестгæнæн службæмæ. Уый бахахх кодта барадхъахъхъæнджыты æрдгæй æнæмбæлон ахасты факттæн реагир кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.
«Минæвар бузныг расидтис æхсæнадон хъахъхъæнæгæн уæлвæткон режимы куысты тыххæй æмæ уыцы архайдтыты тыххæй, кæцытæ аппарат æххæст кæны Гуырдзыстоны адæймаджы барты хъахъхъæды принциптæ снысан кæнынæн. Фембæлдыл уыд æхсæнадон хъахъхъæнæгы фыццаг хæдивæг Тамар Гварамадзе дæр», – ис фыст информацийы.
Абон афтæ дæр Леван Йоселиан Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчинскиимæ фембæлд сарæзта.
«9-æм декабры Гуырдзыстоны æхсæнадон хъахъæнæг Леван Иоселиани Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчинскиимæ фембæлд. Фембæлдыл фæныхас кодтой бæстæйы фæстаг рæстæджы цаутæ, ныхасы сæрибардзинады хъахъхъæды æрдгæй цы æртхъирæнтæ ис, барадхъахъхъæнджыты æрдыгæй æгæр тыхæй спайда кæныны факттæ. Афтæ дæр дзырдтой протестон акциты рæстæджы ахст æмæ цæфтæ чи баййæфта, уыдоны уавæрыл æмæ сæрмагонд фæдагурæн куысты сæ хъуыддæгты ахуыр кæныны прогрессыл дæр», – банысангонд у æхсæнадон хъахъхъæнæгы Facebook-ы фарсыл апарахатгонд информацийы.