Паддзахадон министры аппарат – Арф мæстыдзинад æвдисæм ахæлиугонд информацийыл, ома оккупацион режим Галы районы скъолаты фæивар кодта гуырдзиаг æвзагыл ахуыр кæнын
Егъау мæстыдзинад æвдисæм ахæлиугонд информацийы тыххæй, ома оккупацион режим Галы районы скъолаты гуырдзиаг æвзагыл рухсад райсын фæивар кодта – банысангонд у фидыд æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты Гуырдзыстоны паддзахадон министры аппараты фидиуæны.
«Хъыгагæн Гуырдзыстоны хицауады æмæ æхсæнадæмон æмгарады сидтытæм нæкæсгæ, дарддæр кæны оккупацигонд регионты сæрмагондæй та Галы æмæ Ахалгоры районты цæрджыты фундаментон барты, уый нымæцы мадæлон æвзагыл ахуыр кæныны бары гуырымыхъхъ халын, кæцы йæ ныхмæ у æхсæнадæмон барады бындурон нормæтæн æмæ принциптæн. Ахæм æнæзаконон архæйдтытæ сты Уæрæссейы оккупацион режимы азты дæргъы уагъд этникон дискриминацийы æмæ русификацийы политикæйы дарддæрдзу, кæцыйæн йæ нысан у оккупацион территорийыл гуырдзиаг фæд скуынæг кæнын æмæ цæрджыты æххæст ассимиляци.
Гуырдзиаг фарс йæ тыхтыл нæ бацауæрддзæн æмæ спайда кæндзæн алы уæвæг мæцъситæй, оккупацигонд регионты цæрæг æмбæстæгтæн сæ мадæлон æвзагыл ахуыр кæныны бары æмæ æндæр фундаментон бартæ бахъахъхъæнынæн» – дзырдæуы паддзахадон министры аппараты фидиуæны.