Гремисхевы алфæмбылæйттæй оккупацион режимы минæвæрттæ, Гуырдзыстоны цы дыууæ æмбæстагы аскъæфтой,  уыдони нырид  сæрибар сты
Гремисхевы алфæмбылæйттæй оккупацион режимы минæвæрттæ, Гуырдзыстоны цы дыууæ æмбæстагы аскъæфтой, уыдони нырид сæрибар сты

Душеты  муниципалитеты  хъæу Гремисхевы  Уæрæсейы  оккупацион  тыхты минæвæртты æнæзакононæй ахст   Гуырдзыстоны дыууæ  æмбсатаг сæрибар сты  æмæ  ныр централон хицауады  контролгонд территорийыл уæвынц.

Уый тыххæй информаци хъусын кæны паддзахадон æдасдзинады  куыст.

«Фæнысангонд  уæнгты  æнæзаконон æрцахсты  моментæй, сæ æнæуæлдайныхасæй  ссæрибар кæныны нысанæн, активонæй  архайдтам «тæвд хаххæй»  афтæма, централон  хицауадмæ  уæвæг  алы механизмтæй. Информаци  перманентонæй лæвæрд уыд  Женевæйы æхсæнадæмон  дискусситы  æмсæрдæрттæм æмæ   æхсæнадæмон партнертæм.  Оккупацигонд  регионты æмæ оккупацион хаххы  дæргъмæ  сæххæст деструктивон   архæйдтытыл  æххæстæй  бæрн  æвæрд цæуы Уæрæсейы оккупацион тыхтыл», – хъусын кæнынц ПÆК-ы.

Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ  Гремисхевы алфæмбылæйттæй  Гуырдзыстоны  дыууæ æмбæстагы  знон аскъæфтой.