Паддзахадон департаменты минæвар – USAID-ы фæдыл Гуырдзыстоны хицауады зылынгæнæнтæ мæнг сты, адарддæр кæндзыстæм органиацитæн фарсдарын, кæцытæ кусынц Конституцийæ æмæ фундаментон барты бахъахъхъæнынæн
«USAID»-ы фæдыл Гуырдзыстоны хицауады разагъд зылынгæнæнтæ мæнг сты, – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон департаменты пресспикеры хæдивæг Вдеант Пател райхъусын кодта.
«Тбилисы нæ минæварад уый тыххæй тынг дырыс фидиуæн сарызта. Афтæма зæгъдзынæн, цæмæ зылынгæнæнтæ нæ æххуысы иуæй-иу проекты ныхмæ сты мæнг æмæ бынтон æнæрастæй æвдисынц Гуырдзыстонæн нæ æххуысы нысæнттæ. Нæ æххуыс кæддæриддæр у рухсдзыд æмæ адарддæр кæндзыстæм гуырдзиаг организацитæн æххуыс кæнын, кæцытæ кусынц Гуырдзыстоны Конституцийæ æмæ Гуырдзыстоны æхсæнадæмон хæсистытæй бæрæг фундаментон бартæ бахъахъхъæнынæн», – райхъусын кодта Пател.
Уый ма афтæдæр фарсдарын равдыста Гуырдзыстоны хæдбарад, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.
Уæрæсе оккупацигонд регионтæ сты Гуырдзыстонæй æнæраскъуынгæ æмæ АИШ æххæстæй йæ фарс дары Гуырдзыстоны хæдбарадæн, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты», – банысан кодта Пател.
Уыимæ ма, АИШ-ы паддзахадон нымæрдары пресспикеры хæдивæг Гуырдзыстоны хицауадмæ Евроцæдисы уæнгдзинады фæдыл кандидаты статус райсынæн реформæты сыххæстмæ æрсидтис.
«Мах дарддæр кæндзыстæм партнерад гуырдзиаг адæмимæ, уымæн æмæ уыдон тырнынц демократон, дидинæфтыд, сабырадон æмæ евроатлантикон фидæнмæ. Нæ сидт Гуырдзытсоны хицауадмæ у ахæм, ома сыххæст кæнæнт æнæмæнгхъæугæ реформæтæ Евроцæдисмæ кандидаты статус райсынæн æмæ цæттæ стæм, баххуыс уæм ацы хъуыддаджы хицауадæн», – райхъусын кодта Пател.