Ираклий Гъарибашвили фембæлдис USAID-ы администраторы хæдивæгимæ
Ираклий Гъарибашвили фембæлдис USAID-ы администраторы хæдивæгимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  Европæ æмæ  Евразийы  фарстаты  АИШ-ы  æхсæнадæмон  райрæзты  агентад (USAID) администраторы хæдивæг  Эрин Макиимæ фембæлдис.

Гуырдзыстоны премьер-министры пресскуысты  информацийæ, фембæлдыл  хъусдард  здæхт уыдис Гуырдзыстонæн АИШ-ы  æнæцудгæ фарсхæцынмæ  алы  сæйраг сферæйы.  Бахахх ис,  цæмæй   цæугæ  азы  Гуырдзыстоны æмæ Иугонд Штатты æхсæн  дипломатон   ахастыты 30  азы юбилей у  æмæ   ивгъуыд  30 азы мидæг, АИШ  æндæр æмæ æндæр программæты фæрцы, стыр хайбавæрд скодта  Гуырдзыстоны демократон институтты стынг кæныны,  экономикон рæзынады æмæ  Гуырдзыстоны  евроатлантикон  тырнынадæн фарсхæцыны. Фембæлдыл  хаххгондæй банысан ис, цæмæй  Гуырдзыстоны у æмæ баззайдзæн  регионы  АИШ-ы  æввахс  æмæ æууæнкаг  патнерæй  æмæ Гуырдзыстон цæттæ у  ацы фидар партнерад  ноджы стынг дæр уа.