Паддзахадон æдасдзинады куысты бæрнонтæ, цыппæрæм октябры хъуыдтагыл Бачо Ахалаиайы æрцахстой  – «Бачо Ахалая фыдгæнæн цауты разамонæг æмæ сæйраг организатор уыд»
Паддзахадон æдасдзинады куысты бæрнонтæ, цыппæрæм октябры хъуыдтагыл Бачо Ахалаиайы æрцахстой  – «Бачо Ахалая фыдгæнæн цауты разамонæг æмæ сæйраг организатор уыд»

Гуырдзыстоны  паддзахадон  æдасдзинады  куыст,  хихъахъæнады  раздæры  министр  Бачо Ахалайайы  æрцахстой.
Бачо Ахалайы ахст баст у 4-æм октябры цаутимæ.
Уый фæдыл Паддзахадон æдасдзинады куысты уагъд брифингыл фехъусын кодтой. Фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй Бачо Ахалаиа 4 октябры цаутæ интернет-апликациты фæрцы разамынд лæвæрдта.

«Райсгæ бæлвырдгæнæнтыл бындурæвæрдæй, Гуырдзыстоны цыппæрæм октябры криминалон цауты сæйраг организаторы гоймагдзинад æнæдызæрдыгæй бæлвырдгонд у. Уымæ гæсгæ, мах æрцахстам Бачана Ахалайы.
Надареишвили Аннамæ та цы хауы, кæцы Бачана Ахалайайы æмрæнхъ уыд ахст, ахстæй йæ ссæрибар кæныны фæдыл уынаффæ ист æрцыд æмæ фæдæвзарæн фидæны, уæвæг кæнæ æндæр ног бæлвырдгæнæнтыл бындурæвæрдæй æркæсдзæн, иста æви нæ уый дæр исты хуызы йæ цардæмбалимæ иумæ арæзт фыдракæнды. Анна Надарейшвилийы фæдыл уæлдæр ранымад уынаффæ ист æрцыд, æнæкæсгæ уымæ æмæ Бачана Ахалаиа  не сразы ис æвдисæнлæвæрд раттыныл, уыцы нымæцы фарстæн дзуапп раттыны фадат дæр – æрмæст уый бадзырдта фыдракæнды æндæр организатортимæ, æви йæ бинойнаг Анна Надарейшвили дæр уыд ацы хъуыддаджы баст, афтæмæй уый йæхæдæг нæ аиуварс кодта йæ лæджы фыдракæнды æмбастдзинад», — расидтысты Паддзахадон æдасдзинады куысты брифингыл.