Паата Имнадзе – Локдаунæн нæ экономикæ нæ бафæраздзæн, фæлæ ранæй-рæтты арæнæвæрдтæ ауæрæхдæр кæнын хъæуы
Премьер-министры æмæ æнæнизхъахъъæды сферæйы эксперттимæ фембæлды фæстæ низты контролы æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды националон центры директоры хæдивæг, Паата Имнадзе фехуъсын кодта, ома ацы рæстæгмæ бæстæйы архайæг арæнæвæрдтæ æгъгъæд кæй нал сты, уый.
Имнадзейы фидиуæнæй, æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды специалистты цæстæнгасмæ гæсгæ, алыгъуызон интеллектуалон фæрæзтæй спайда кæнын хъæуы.
«Фембæлд уыд тынг нысаниуæгджын. Хъыгагæн, сæрæйдæр уыд прогнозтæ, цæмæй алы уыцы активондзинад, кæцы бæстæйы уыд, расайдтаит инфицирады цауты ахæм рæзыт. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ спайда кæнæм алы уыцы интеллектуалон ресурсæй, кæцы ис бæстæйы æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды специалистты цæстæнгасæй, сæ нымæцы фæсарæнты уæвæг нæ коллегтæ дæр.
Алчи разы стæм, цæмæй ацы арæнæвæрдтæ, кæцы архайы бæстæйы, æгъгъæд нал сты ацы уавæры. Ныр ма хæъуы, зæгъæм, фылдæр ранæй-рангай арæнæвæрдтæ сфидар кæнын. Банысан кæнын хъæуы, цæмæй нæу нæ бон локдаун рæрбайсын, нæ экономикæ уымæн нæ бафæраздзæн, фæлæ ранæй-рæтты арæнæвæрдтæ ауæрæхдæр кæнын хъæуы, уыйимæ разы стæм алчи. Афтæмæй нæм æрбафтдзæн фадат, минималон сæфтæй фервæзæм ацы тохæй», – райхуъсын кодта Паата Имнадзе.