Паата Имнадзе - Коронавирусы 30 цау сты иу равзæрæнæй, æгæр бирæ у, уый тыххæй Сванеты ауагъдтам æнæмæнгхъæугæ мадзæлттæ
Абоны бон Ленджеры хъæуы, вирусы равзæрæнимæ баст контакты 30 цау рабæрæг кодтам – уый фæдыл, низты контролы националон центры директоры хæдивæг Паата Имнадзе координацион советы рабадты фæстæ райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон 12 ног цау рабæрæг ис Местиайы.
«Адонæй фондз цау сбæлвырд ис Тбилисы. Иннæ цаутæ сты бæлвырд цауы контакттæ Сванеты Знон сарызтам 400-йæ фылдæр тест æмæ 12 ног цау сбæлвырд ис. 600-ы онг тест ныридæгæн арвыстам Тбилисмæ æмæ цæуынц анализтæ. Афтæдæр 400 –йæ фылдæр тест арвыстам Зугдидмæ. Æмтгæй райсгæйæ знон 1000-æй фылдæр адæмагы басгæрстам. Абон та басгæрсты ареал ноджы ауæрæхдæр кæндзыстæм. Афтæма эпидемиологты ноджы иу къорд арвыстам Хъазбегмæ. Амондæн, уым бирæ контакттæ нæй, фæлæ иртасын дарддæр кæнæм. 30 цауы сбæлвырд сты иу равзæрæнæй, уый та тынг бирæ у. Уый тыххæй дæр, Сванеты цы мадзæлттæ ауагъдтам уыдон æнæмæнгхъæугæ уыдысты» – загъта Паата Имнадзе.