«Националон Змæлд» рог æмæ къаддæр уæзы фыдракæндтæн тæрхонгонд уæнгтæн амнисти рауадзын  домы
«Националон Змæлд» рог æмæ къаддæр уæзы фыдракæндтæн тæрхонгонд уæнгтæн амнисти рауадзын домы

 

«Националон Змæлды» уæнг  Сопо Джапаридзе  рацыд инициативæйæ, ома рог æмæ   къаддæр уæзы  фыдракæндты  тыххæй  тæрхонгæндтæм  баххæсса  амнисти æмæ  уайтагъд  ссæрибар уæд.

Сопо Джапаридзейы  дзырдæй,  зæгъгæ ахæстæтты  коронавирусы  ахæлиуы тыххæй,  ахæсттæ  уæззау  уавæры сты æмæ  уæвæг инфраструктурæйы  уавæрты дистанци  хъахъъæнын дæр зын у.

«Ахæстæтты ис  ковид-стынд,  нæ æмбæстæгтæ сты уæззау  уавæры. Нырма нæ зонæм, цы масштабтимæ  нын ис  хъуыддаг, фæлæ  уымæ гæсгæйæ цæмæй  цасæй нæм  дзурынц  ахæстты бинонтæ,  мæ бон зæгъын у, цæмæй ацы масштаб  цъус нæу, бирæтæ сты рынчын æмæ сæ  хъæуы  баххуыс сын кæнæм.

Мах стæм  хæсты, кæцыйы рæстæдлжы абон афон у, цæмæй  сын фегом кæнæм ахæстоны дуар æмæ сын афтæмæй фенцондæр кæнæм  сæ уавæр.  Сæвдæлон кæнæм ахæстæттæ æмæ  фервæзын кæнæм  алкæй дæр.  Ацы практикæ  нын равдыста Европæйы бирæ бæстæ.  Дæнцæн Британи, Нидерландтæ, Франц æмæ уынæм  цæмæй  пандемийы  райдаынæй  абоны онг,  10 процентæй  фæкъаддæр ис ахæстты нымæц. Афтæмæй  ай  у иунæг  фæндаг, цæмæй  дæр нæ бон  у сæ цард  фервæзын кæнын» – банысан кодта Сопо Джапаридзе.