Паата Имнадзе – Дыккагæй вакцинацийæ дыууæ къуырийы фæстæ, уæ бон у сæрибарæй, æнæмаскæйæ уæ хæстæджытæн ахъæбыстæ кæнат,кæд уæ алыварс алчи вакцинацигонд у уæд
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæгы хæдивæг Паата Имнадзе хуъсын кæны, цæмæй коронавирусы ныхмæ вакцинæ фæлхатгæ саразынæй дыууæ къуыримæ, адæймаг æххæстæй иммунон у.
Имнадзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы программæ «Ахали Дгъе»-йы куыд загъта афтæмæй, дыууæхаттонæй вакцинацигонд адæймæгтæн, афтæдæр дыууæ дозæйæ æфтыд адæймæгты æхсæн сæ бон у маскæ ма дарой æмæ сæйрибар уой.
«Дыккаг иньекцийæ дыууæ къуыримæ нымад цæуы, цæмæй адæймаг æххæстæй иммунон у. Уымæ гæсгæ дæр дыккаг вакцинацийæ дыууæ къуырийы фæстæ сæ бон у тынг срæибарæй, æнæмаскæйæ уат, кæд уæ алыварс алчи низы ныхмæ æфтыд у уæд. Уый у тынг нысаниуæгджын. Уæ алыварс алчи вакцинацигонд куы у, уæд уæ бон у æнæмаскæйæ, уæ хæстæджытæн ахъæбыстæ кæнат, ницы проблемæ уыдзæн семæ иумæ фынгыл рабадын дæр. Уый тыххæйта хъæуы, цæмæй уæ алыварс алчи уа дыууæхаттонæй вакцинацигонд», – райхъусын кодта Паата Имнадзе.