Паата Имнадзе – арæнæвæрдтæ фæстиуæг æрхастой, уавæр стабилон ссис
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæджы хæдивæг Паата Имнадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ арæнæвæрдтæн уыд фæстиуæг æмæ Гуырдзыстоны эпидемиологион уавæр стабилон ссис.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныр зæгъгæ ног азмæ куыд æххæст кæндзысты архайæг арæнæвæрдтæ æмæ регуляцитæ уый баст у æмбæстæгтыл.
«Сæйраг у уый æмæ арæнæвæрдтæн уыд фæстиуæг, ситуаци стабилон ссис. Боны мидæг 5000 цауæй æрхызтыстæм 2000-æй каддæрмæ. Ахсджиаг у уый æмæ арызт тесттæй фæстаг бонты æвæрццаг дзуаппы æвдисæг стабилонæй у 13-14 проценты, кæцы уый амонæг у цæмæй ситуацийы стабилизаци кæнын бантыстис. Ныр нæхи максималонæй арæхгай куы дарæм, æххæст кæнæм регуляцитæ, дарæм маскæ æмæ хъахъæнæм дистанци, уæд мæ ныфс уыдзæн ацы ног аз æнæпрблемææтæй арвитын» – райхъусын кодта Имнадзе.
Паата Имнадзе ноджы иу хатт æрсидтис æмбæстæгтæм, Ног аз максималонæй къаннæг зылды сбæрæгбон кæнын.