Паата Имнадзе – æввахс иу мæй уыдзæн æвæццæгæн уыцы периодæй, кæцы рæстæджы дæр Гуырдзыстоны фæбæрæг уыдзæн «омикрон»
Æввахс иу мæймæ вæццæгæн уыдзæн период, Гуырдзыстон циркуляци кæнын куы райдайдзæн «омикрон» – уый фæдыл райхъусын кодта низты контролы националон центры къухдариуæггæнæгы хæдивæг Паата Имнадзе.
«Зæххыцъарыл куыд у, афтæ уыдзæн Гуырдзыстоны дæр. Æввахс иу мæй вæццæгæн уыдзæн уыцы период, Гуырдзыстоны ацы мвирусы куы райдайдзæн циркуляци кæнын. Уæдмæ та æрвылбойнонæй нæ цæст дарæм, кæд фæзындзæнис, нырма нæ рабæрæг. Уыдис дзы цалдæр гуырысхойаг цау, æмæ сæ алкæцыйы дæр бацахуыр кодтам. Æппынфæстагмæ, «омикрон» цæй зæгъын æй хъæуы бæстæмæ æрбаирвæрздзæн» – загхта Паата Имнадзе.
Паата Имнадзе афтæма фæныхас кодта коронавирусы ныхмæ вакцинæты эффективондзинадыл.
«Знон публикацигонд уыд фæстаг иртасæнтæ. Дыууæ дозæ «Астразенека» æмæ «Пфайзеры» иу дозæйæн 71%-ы онг ис иргъæфхъомад, æмæ 3-хаттонæй «Пфайзерæй» вакцинацийæн та 75% иргъæфхъомад. Хъыгагæн китайаг вакцинæтыл нырма иртасæны дзуаппытæ нæй, уый тыххæй дырыс информаци зæгъын мæ бон нæу. Зæгъæн ис цæмæй 3 хаттон вакцинаци «Омикронæй» зæгъæн ис эффективонæй хъахъхъæны.
Кæд нæ фæнды инфицирадæй нæхи бахизын, уæд фыццаджы дæр хъуамæ дарæм маскæ, кæд та нæ фæнды фæрынчынæй аирвæзрын уæд та вакцинаци. Ацы дыууæ рекомендаци ис, кæцытæ æххæст кæнын хъæуы» – райхъусын кодта Имнадзе.