OSCE/ODIHR публикаци кæны æхсæйнаг хыгъдлæвæрд Гуырдзыстоны æвзæрстыты агъоммæ уавæры фæдыл
OSСЕ демокративон институтты æмæ адæймагы барты фæдыл офис (ODIHR) Гуырдзыстоны æвзæрстыты агъоммæ уавæры фæдыл æхсæйнаг хыгъдлæвæрд публикаци кæны.
Документмæ гæсгæ, рæстæгмæ хыгъдлæвæрд 11-æм сентябрæй 9-æм октябрмæ æххæссы.
Æхсæйнаг хыгъдлæвæрды афтæдæр дзырд цæуы политикон партиты æвзæрстыты агъоммæ кампанитыл.
«Ацы рæстæгмæ цы æвзæрстыты агъоммæ кампанийы хъусынгæнинæгтæ рабæрæг ис, уыдон тынг поляризацигонд риторикæйæ пайда кæнынц. Хицаугæнæг парти æвзæрстытæ бавдыста куыд сабырад æмæ хæсты æхсæн æвзæрст, оппозицион партиты фылдæр хай та æвзæрстытæ бавдыстой куыд референдум бæстæйы геополитикон позицийы фæдыл. ODIR-ы цæстдарæн миссийы иуæй-иу æмныхасгæнæг равдыста тыхстдзинад хицаугæнæг партийы æмæ паддзахадон хицауады фарсхæцджыты æрдыгæй тæрсын кæныны тактикæйы тыххæй, кæцытæ, дам, здæхт уыдысты сæ æвзæрстыты агъоммæйы архайдмæ, афтæ ма æвзарæгмæ дæр. Хицаугæнæг æмæ оппозицион партитæй дæр фиксиргонд æрцыдысты дзыхæй бырстыты, æвзарæнон æрмæджыты скуынæг кæныны æмæ физикон ныхмæлæуды хицæн цаутæ. “Уæвæг уагæвæрдтæм æнæкæсгæйæ, “ОДИР”-ы цæстдарæн миссийы цалдæр æмныхасгæнæджы банысан кодтой закъондæттынады æмæ йæ æххæст кæныны цухдзинæдтæ административон фæрæзтæй потенциалон æнæраст пайда кæныны фæдыл”, — дзырдæуы документы.
Æхсæйнаг хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, абоны бонмæ æвзарæнон администраци æмæ тæрхондæттæм бацыд 120 хъасты бæрц, фылдæр æвзарæнон къамисы уæнгты ныллæг рангы снысан кæныны, административон фæрæзтæй æнæраст спайда кæныны æмæ кампанийы уагæвæрды хæлды фæдыл.
«Фылдæр хъастытæ æрцыдысты æрæвæрд мидисджын æркасты фæстæ. «ОДИР-ы цæстдарæн миссийы цалдæр æмныхасгæнæджы банысан кодтой ныллæг æууæнчы æмвæзад барадхъахъхъæнæг органты, æвзарæнон администрацийы æмæ тæрхондоны системæйы хъомысмæ, цæмæй эффективон æмæ æнæхинæй æруынаффæ кæной æмæ æрбæстон кæной политикон æнкъарæнджын фарстатæ», — дзырдæуы хыгъдлæвæрды.
Документы афтæдæр банысангонд у, цæмæй 10-æм октябры уавæрмæ гæсгæ, ЦÆК аккредитаци сарæзта 68 æмбæстагон цæстдарæг организаци 2602 цæстдарæгимæ æмæ 51 æхсæнадæмон цæстдарджыты къорд 512 цæстдарæгимæ.
«Цалдæр æмбæстагон æхсæнады организацийы (ÆÆО) райдыдтой дæргъвæтин мониторингы архайд, æмæ бирæтæ фехъусын кодтой, æддагон æндæвдады æргомдзинады тыххæй закъоны райсты фæстæ сæ æхсæнадон стигматизацийы тыххæй куысты уавæр вазыгджындæр кæй у, уый тыххæй», — банысангонд у рæстæгмæйы хыгъдлæвæрды.