Мамука Бахтадзе - Дыккаг тур дæр алы стандарттæм æмбæлгæйæ ацæудзæн, кæцы рæстæджы дæр ноджы иу хатт сбæлвырд уыдзæн, Гуырдзыстоны демократий кæй æрфидар ис уый
Дыккаг тур ацæудзæн алы стандартмæ æмбæлонæй, кæцы рæстæджы дæр ноджы иу хатт сæблвырд уыдзæн– ахæм фидиуæнæй баздæхт Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе журналисттæм, Батумы Илья Чъачъавадзейы номыл профессион паддзахадон драмон театры байгомы фæстæ.
Мамука Бахтадзе куыд банысан кодта афтæмæй, тынг хъыгаг у зæгъгæ, цæмæй æвзæрстыты агъоммæ кампани Европаг стилæй нæ уыд.
Премьер-министр æвзæрстджытæм æрсидтис 28 ноябры активондзинад равдисынмæ.
«2012 азæй, «Гуырдзиаг Бæллицц» хицауадмæ куы æрбацыд уый фæстæ, алы æвзæрстытæ ацыдысты стандарттæм æмбæлгæйæ. Уый æвдыст æрцыд алы æхсæнадæмон организацийы æмбæлон аргълæвæрды. Растдæр уый у нæ сæйраг æнтыст уыцы фæндагыл, кæцы хуыйны Гуырдзыстоны европаг интеграци. Дыккаг тур дæр алы стандарттæм æмбæлгæйæ ацæудзæн, кæцы рæстæджы дæр ноджы иу хатт сбæлвырд уыдзæн, Гуырдзыстоны демократий кæй æрфидар ис уый.
28 ноябры æппæт Гуырдзыстон сараздзæн æрмагонд æвзæрст æмæ гуырдзыстойнаг адæм уыдзæн иунæг, чидæриддæр рахæсдзæн уынаффæ, цæмæй чи суыдзæн Гуырдзыстоны президент. Фæнды мæ алкæмæн фехъусын кæнын, цæмæй максималонæй активон уæнт æвзæрстытыл» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.