Орбелианийы фæзыл, «Ногазон хъæу» 23 декабры байгом уыдзæн
Орбелианийы фæзыл, «Ногазон хъæу» 23 декабры байгом уыдзæн

«Ногазон  хъæу» 23  декабры, Орбелианийы  фæзыл байгом уыдзæн –уый фæдыл  сæйраг горæты мэр  Каха Каладзе  Тбилисы  муниипалитеты  хицауады рабадтыл  райхъусын кодта.

Йæ  дзырдæй, зæгъгæ  Орбелианийы фæзыл  13 январ хынцгæйæ,  сабион-ивхæрсæн  равдыстытæ, концерттæ,  аргъæутты хъайтарты  бæрæгбонон  цыдтæ, æндæр æмæ æндæр активондзинæдтæ æмæ музыкалон   изæртæ ацæудзæн.

Каха Каладзейы  хъусинагæй,  ногазон  галаконцерт Европæйы фæзыл  31 декабры ацудзæн.

«31 декабры уæм æнхъæлмæ кæсæм  Европæйы фæзыл, галаконцертыл.  Иумæ  сæмбæлæн  2023 азыл, амондджын æмæ  хуыдæр фидæны æнхъæлцимæ. Сегасдæр сæйраг  уæддæр нæ  зæрдæйы ахаст æмæ  фæндтæ сты, уымæн æмæ   диссаг  уый мидæг ис æмæ   алчи  иумæ  нæ фæнд  зæгъæм  цæмæй сабырдзинад куыд уа æгас дунейы,  фарн алы  хæдзары,  нæ  уарзон адæймæгтæ æнæниз куыд уой,  ахуыргонд æмæ æнтыстджын фæсивæд, бæстæйы размæцыд æмæ  райрæзт. Иумæ сбæрæгбон кæнæм ногазон бонтæ нæ аив сæраго горæты» – банысан кодта Каха Каладзе.