Оппозицийы ныфс дарынц, цмæй Шарль Мишелы визит бæстæйы политикон кризис аскуыддзагы цæстæнгасæй нысаниуæгджын уыдзæн
«Иугонд Националон Змæлды» уæнг Саломэ Самадашвилийы фидиуæнæй, Европаг Советы президент Шарль Мишелы визит куыд Молдовæ афтæ Гуырдзыстонмæ дæр, иттæг нысаниуæгджын у, уымæн æмæ уый у æрвитæггаг Уæрæсейæн, цæмæй Евроцæдис сæрмагонд стратегион интерестæ фидар кæны Уæрæсейы сыхы.
Самадашвилийы ныхæстæм æгсгæ, оппозициимæ фембæлд плангонд у, кæцы рæстæджы дæр Европаг Советы президентимæ сын уыдзæн тынг ахсджиаг ныхас.
«Абон нын уыдис бацæттæгæнæн фембæлд, кæцыйыл æрныхас кодтам иумæйаг сигналты фæдыл, кæцытæй оппозици ацы фембæлдмæ рацæудзæн. Ныфс нæ ис цæмæй ацы визит уыдзæн ныаниуæгджын бæстæйы политикон кризис ивтыгъд суадзыны цæстæнгасæй, кæд «Гуырдзиаг Бæллицц» равдисдзæн политикон зондджындзинад, цææмй байхъуса нæ ныгуылæйнаг партнертæм, се æрвитæггæтæм, цæмæй бæстæйы политахæстты уæвын, политикон кризисы фæкарз знаггадгæнæг сты нæ бæстæйы стратегион интерестæн æмæ арызт хъуамæ æрцæуа æмбæлгæ къахдзæфтæ, цæй зæгъын æй хъæуы хицауады æрдгæй, цæмæй ацы уавæр ивтыгъд суадзæм» -т загхта Саломэ Самадашвили.