Оппозицийы минæвæртты информацийæ, бадзырдты æртыккаг раунд сом ацæудзæн
Оппозицийы минæвæртты информацийæ, бадзырдты æртыккаг раунд сом ацæудзæн.
Парти «Лелойы» централон офисы ацæугæ фембæлды фæстæ оппозицийы минæвæрттæ райхуъсын кодтой, дипломаттимæ æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццимæ» фембæлд райсоммæ кæй у плангонд уый фæдыл.
Парти «Æмбæстæгты» лидер Алеко Элисашвили куыд райхъусын кодта афтæмæй, зæгъгæ сом гæнæн ис фембæлд минæвæртты æхсæныбацыдæй ацæуа оппозици æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццимæ».
«Ныфсдæттæг факт уый у цæмæй, ацы бадзырдтæ дарддæр кæнынц æмæ бæрæг куыд у афтæмæй, «Гуырдзиаг Бæллицц» цæттæ у компромисстæм. Цас æмбæллы компромисс нæ домæнтæм уый æндæр ныхасы темæ у. Иу-дыууæ бон дæр ма сæм банхъæлмæ кæсæм, цæмæй деталтыл ма ныхас кæнæм. Хорз у уый, цæмæй æнхъæлцау саом уыдзæн фембæлд,дипломатты руаджы мах æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» æхсæн, уый у сегасдæр ныфсдæттæг. Æрныхас кодтам цæмæй иууыл цъус райсомы фембæлды онг деталты тыххæй æргомæй нæ радзырдтаиккам. Нæ ныхас фидар у, ницы срæдийдзыстæм. Плебисцит дзæбæх у, æвзæр у, нæ дзурæм, не нхъарæнтæм гæсгæ цæуæм, уыдон сæхи æнхъарæнтæй æрбацæудзысты æмæ акæсæм куыд уыдзæн. Бадзырдты лоика ахæм у – цыдæр компромисс уыдзæн, бакæсæм кæм уыдзæн ацы компромисс» – загхта Алеко Элисашвили.
Афтæма оппозицийы минæвæрттæ дипломаттæм знон алæвæрдтой цалдæрпунктджын документ, кæцыйы мидæг оппозици æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ æмæ æвзарæнон администрацийы раивын куры.