«Омикроны» ахæлиуы тыххæй, 17-21 январмæ плангонд Давосы дунейы экономикон форум æргъæвд æрцыд
Давосы Дунейы экономикон форум æргъæвд æрцыд. Уый фæдыл дзырдæуы официалон фидиуæны, кæцыйы публикаци скодтой организатортæ.
«Фембæлд ауадзын «омикроны» хæлиукæнынадмæ гæсгæйæ æбæрæг уавæры тыххæй гæнæн нал ис»- дзырдæуы фидиуæны.
Организаторты дзырдæй пандеми зæгъгæ тынг зынг кæны глобалон фембæлдтæ ауадзын.
«Нæ приоритет кæддæриддæр уыд хакйадисджыты æмæ фысымты æнæниздзинад» – банысангонд у фидиуæны.
Давосы Дунейы экономикон форум 2022 азы 17-21 январы хъуамæ ацыдаит.
Фембæлд æнхъæлцау сæрды райдайæны ацæудзæн.