Ираклий Гъарибашвили Швейцаримæ  араст ис, цы ран хайад  райсдзæн Давосы Дунейы экономикон   форумы
Ираклий Гъарибашвили Швейцаримæ араст ис, цы ран хайад райсдзæн Давосы Дунейы экономикон форумы

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили   делегациимæ иумæ, Швейцаримæ  араст ис, цы ран   хайад райсдзæн  æрвылазон дунейы  экономикон  форумы, кæцы  ацæудзæн Давосы.

Визиты фæлгæтты  хицауады  сæрдар, дыууæфарсон, бæрзонд æмвæзады   фембæлдтæ ауадздзæн куыд дунейы лдидертимæ, афтæ ставд  æхсæнадæмон  компаниты  къухдариуæггæнджытимæ.

Плангонд у афтæдæр   премьер-министры  дзырдæй ралæуды   панелон   дискусситыл.

Гуырдзыстоны делегацийы  сконды, кæцыйæн къухдариуæг кæны   пермьер-министр,  сты  вице-премьер, экономикæ æмæ æнæфæцудгæ   рæзынады министр Леван Давиташвили, фæсарæн хуъыддæгты министр Илиа Дарчиашвили,  хицауады администрацийы  сæрдар  Реваз Джавелидзе  æмæ фæсарæйнаг   инвестициты æрдгæй премьер-министры  специалон уынаффæгæнæг  Вазил Худак.

Информаци хъусын кæны  хицауады  администраци.