Ираклий Гъарибашвили – Хицауадмæ куы æрцыдыстæм уый фæстæ егъау тыхархайд скодтам евроинтеграций фæндагыл рогрессы тыххæй æмæ уый æппæты кульминаци уыд Гуырдзыстонæн кандидаты статусы лæвæрд
Ираклий Гъарибашвили – Хицауадмæ куы æрцыдыстæм уый фæстæ егъау тыхархайд скодтам евроинтеграций фæндагыл рогрессы тыххæй æмæ уый æппæты кульминаци уыд Гуырдзыстонæн кандидаты статусы лæвæрд

Фæнды мæ  бузныг  зæгъын европаг лидертæн алкæмæн, чидæриддæр  сразы  сты   историон   уынаффæимæ,  раттаиккой Гуырдзыстонæн кандидаты  статус, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  Давосы  экономикон  форумы  фæлгæтты  уагъд диалогы, номхуындæй –«Диалог  дипломатийыл ныгуылæн Балканты».

Ираклий Гъарибашвили куыд банысан кодта афтæмæй,   Гуырдзыстоны эконмоикæ  ныр  цырдæй  рæзы.

«Фæстаг æртæ азы  Гуырдзыстоны  экономикæ  тынг цырдæй  райрæзтис.   Ныр  мах   дунейы  иуæй-иу  сеппæтæй  цырд темпæй рæзгæ  эконмикæ стæм .  дыууæ азы  размæ  Гуырдзыстоны  экономикæ райрæзтис  10,5 процентæй, 2022  азы   афтæдæр 10,4 процентæй, ивгъуыд азы  авд процентæй,  афтæма  инфляцийы  бæрц у   ныллæг.   Фæстаг авд  мæйы  дæргъы уый иу  процентæй ныллæг дæр уыд.  Ацы  аз æнхъæл стæм  цæмæй   нын уыдзæн   фондз процентæй  фылдæр экономикон рæзт. Тынг  дзæбæх, стабилон  ситуаци  у, политиконæй  дæр  Гуырдзыстон стабилон бæстæ у.  Афтæма  рæзгæ  кæны нæ базарад, уæрæхдæр кæнæм  базарадон контакттæ æмæ  ахастытæ.  Афтæдæр мæ фæнды банысан кæнын, цæмæй  комкоммæ   фæсарæйнаг  инвестицитæ дæр рекордонæй  бæрзонд уыд ивгъуыд азы. Сæрмагондæй та  декабры хаст уынаффæйы фæстæ,  бæрæг куы æссис, цæмæй  Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыд   кандидатдзинады статус, мах æнхъæлмæ кæсæм  фылдæр  фæсарæйнаг инвестицитæм. Мæ коллегæ, Вучич. ракой кодта цæдисты  фæдыл, Гуырдзыстонæн ис тынг  нысаниуæгджын  геостратегион  равæрд æмæ  удцырын стæм, цæмæй  райтынг кæнæм   астæу къæлидор, кæцы тынг цымидисон,  зæрдæмæдзæугæ  альтернативон маршрут уыдзæн», –   райхуъсын кодта Гъарибашвили.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ  дыууæ азы размæ  къухæвæрд уыд   иттæг нысаниуæгджын  фæндагамонæг  картæ, Хъазахаг  æмæ азербайджайнаг коллегæтимæ иумæ.

«Махæн ис тынг дырыс план, куыд райтынг  кæнæм ацы  къæлидор.   Бæлвырд зонæм, цы саразын хæъуы, кæцы йæ хъуыдыйы  дары   портты ауæрæх кæнын,  сæ  фадæтты   ауæрæхдæр кæнын,  аэропортты, æфсæнвæндаг, фæндæгты инфраструктурæ æмæ  а.д.  ацы аз нæ  фæнды  райдайæм  ног порты  арæзтад. Уый у ног æрфдойнаг  порт Анаклиайы, афтæма, рæзгæ кæнынц æфсæнвæндагон  фадæттæ. Мах афтæдæр фæнды, райдайæм  ног аэропорты  арæзтад.  Алы  инфраструктурон проект, цахæмдæр  сты фæндæгтæ,  сосвæндæгтæ, алцыппæт  сыххæст уыдзæн афæдзы кæронмæ. Афтæдæр мæ фæнды, банысан кæнын Китайы  интересты нысаниуæг, ацы  альтернативон   марщрутты. Ивгъуыд азы  мын  уыдис  тынг æнтыстджын  визит  Китайы, фембæлдтæн президент  Си Дзинпинимæ, æрныхас кодтам, цæмæй  фæарфдæр кæндзыстæм партнерад  стратегион æмвæзады онг.  Ацы  къæлидормæ Китайы  интерес цалдæр  мæйы размæ  фехъусын кодта президент Си Дзинпин  æмæ хъуыды кæнын, уый фылдæр энерги ратдзæн   ацы  къæлидоры рæзынадæн.

Фæнды мæ афтæдæр  спайд кæнон ацы фадатæй, æмæ  бузныг  зæгъон  европаг лидертæн алкæмæн, чидæриддæр сразы  ис  историон уынаффæимæ, раттаиккой Гуырдзыстонæн кандидаты статус. Уый нæ хицауады  сегасдæр стыр  æнтыст у, уымæн æмæ  хицауадмæ цы æрбацыдыстæм уый фæстæ, тынг стыр тыхархайд скодтам  Евроинтеграцийы фæндагыл   проегрессы тыххæй –  ассоциацидзинады бадзырд, уæгъдибар базарады  фæдыл бадзырд, æнæвизæ дыууæрдæм змæлд æмæ уый æппæты кульминаци уыд  Гуырдзыстонæн кандидат бæстæйы  статусы лæвæрд», – райхъусын кодта Гъарибашвили.