Ираклий Гъарибашвили  Давосы  Дунейы Экономикон форумы райсдзæн хайад
Ираклий Гъарибашвили Давосы Дунейы Экономикон форумы райсдзæн хайад

Гуырдзыстоны делегаци премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы   къухдариуæгæй   Швейцаримæ  ацыд,  цы ран Давосы, æрвылазон  дунеон  экономикон  форумы райсдзæн хайад.

Хицауады  администрацийы пресс-куысты  информацийæ, плангонд  Ираклий Гъарибашвилийы дыууæфрсон  бæрзонд æмвæзады   политикон  фембæлдтæ ауадзын,  æндæр æмæ æндæр бæстæты  лидертимæ  æмæ ставд   æхсæнадæмон   компаниты  бындурæвæрджытимæ.

Визиты фæлгæтты плангонд  у Гуырдзыстоны   премьер-министры  дзырдæй  ралæуд  æмбæлон  панелон  дискусситыл.

Гуырдзыстоны   делегацийæн  сконды, кæцыйы премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  къухдариуæг кæны,  сты вице-премьер, экономикæйы  æмæ  æнæфæцудгæ  райрæзты министр Леван Давиташвили  æмæ фæсарæн хъуыддæгты  министр   Илиа Дарчиашвили.