Оливер Вархей – Гуырдзыстон активон кусы 12-дæр приоритеты сыххæстыл, позитивон фезмæлдтæ уынæм тæрхонон реформæйы æрдгæй, коррупциимæ тохы, кæцыйы у лидер бæстæ
Фидæн къуыриты æмæ мæйты дæргъы Гуырдзыстоны бахъæудзæн стыр куыст сыххæст кæнын, цæмæй равдиса, ома цæттæ у суа кандидат – уый фæдыл ауæрæхы æмæ сыхагон политикæйы фарстаты еврокомиссар Оливер Вархей райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-минитр Ираклий Гъарибашвилиимæ иуæймаг пресс-конференцийыл.
Оливер Вархей куыд банысан кодта афтæмæй, ацы фæндон æрмæст уыцы цауы сыххæст уыдзæн, кæд æнæхъæн бæстæ, æппæт Гуырдзыстон, алы гуырдзиаг бæстæйы мидæг æмæ æддæйæ, ацы нысанæн бакуысдзысты.
«Уырнæг дæн, истори никуы дæтты ахæм шанс дыууæ хатты, уый тыххæй дæр йыл хъуамæ ныцъцъелæг уæм ацы фадатыл æмæ йæ реалондзинадæй фестын кæнæм. Уый саразынæн хъæуы 12 приоритеты сыххæст кæнын. Хъæуы нæ ацы æрдæмадæй дзæбæх истори равдисы,æхсызгон мын у куы уынын ацы æрдæ арызт къахдзæфтæ, нысаниуæгджын сты уынаффтæ, æнхъарæнтæ цæуынц æмæ цæттæ кæнынц парламент. Уынын, Гуырдзыстоны хицауад куыд активон кусы кацы хъуыддаг сыххæст кæнынæн, цæмæй 12-дæр приоритет сыххæст уа. Ныридæгæн уынæм позитивон фезмæлдтæ тæрхонон системæйы реформæйы æрдгæй, уынæм размæцыд коррупциимæ тохы æрдгæй, кæцыйы Гуырдзыстон у лидер бæстæ. «Æхсæнадæмон Æргомдзинады» информацийæ, Гуырдзыстонн позитивон практикæ ис ацы æрдгæй æмæ бирæ æндæр Европаг бæстæимæ абаргæйæ, тынг размæ рацыд, фæлæ нæ бахъæудзæн бирæ кусын, цæмæй антикоррупцион агентад уа æххæстæй хæдбар, хъæуы нæ закъон деолигархизацийы фæдыл. Æмбарын, цæмæй райдыдта ацы æрдгæй куыст æмæ цæй зæгъын æй хъæуы, хъæуынц нæ къахдзæфтæ, цæмæй фæактивон уа тох организацигонд фыдракæндимæ. Сымах дзæбæх зонут, 12-æй кæцы пункттæ дарын мæ хъуыдыйы. Гуырдзыстон цас фылдæр сыххæст кæндзæн ацы 12 приоритетæй, уый йас цырддæр рацæудзæн размæ Европæмæ фæндагыл.
Фæнды мæ бахахх кæнон, цас тагъддæр сыххæст кæндзæн ацы домæнтæ Гуырдзыстон, афтæ тагъд райсдзысты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ пайда, кæцы цæуы сымахмæ кандидаты статус раттыны бындурыл. Нæй нын уæлдай рæстæг. Нæхи æрдгæй, цæттæ стæм, бакусæм сымахимæ, баххуыс уын кæнæм ацы нысанмæ фæндагыл, алы къахдзæфы уын фæ къух саразæм, уымæн æмæ Гуырдзыстон дырыс равдыста йæ фæндон, ома куырдиат куы сарызта уæнгсуæвыны фæдыл æмæ уымæй раздæр дæр, йæ иузæрдыгдзинад Европаг аргъдзинæдтæм у цалдæр дæсой азы размæ дæр. Ацы хахх мæ дырыс саразын фæнды æмæ сæрмагондæй фæбæрæг ис хæдбарады периоды. Уый тыххæй цæттæ стæм, сымахимæ иумæ бакусæм ацы æрдæм», – райхъусын кодта Вархей.