Оливер Вархей, цæмæй Ираклий Къобахидзеимæ ныхасы рæстæджы Словакийы трагикон фæзынд хаст уыдис,  куыд цæвитон æмæ амынд, цæмæй  кæдæм ис гæнæн бакæна нæ поляризацийы бæрзонд æмвæз дзыллæйы мидæг, фæнды Европæйы дæр
Оливер Вархей, цæмæй Ираклий Къобахидзеимæ ныхасы рæстæджы Словакийы трагикон фæзынд хаст уыдис, куыд цæвитон æмæ амынд, цæмæй кæдæм ис гæнæн бакæна нæ поляризацийы бæрзонд æмвæз дзыллæйы мидæг, фæнды Европæйы дæр

Гуырдзыстоны преьмер-министры арызт  фидиуæныл мæ фæнды æргомзæрдæйæ хъыгдзинад равдисын, цæмæй мæ телефонон  дзырды  бæрæг хай контекстæй  срæвдытой – уый фæдыл  банысангонд у  сыхагон  политикæйы æмæ ауæрæхы фарстаты  еврокомиссары, Оливер Вархейы   фидиуæны.

«Куыд  европаг сыхагон политикæйы æмæ ауæрæхы  фарстатыл  бæрнон еврокомиссар, регулярон  контактыл дæн мæ  портфелмæ хауæг  бæстæты  хицауаы минæвæрттимæ, уымæн æмæ  коммуникацион  каналтæ  кæддæриддæр гом хъуамæ уой  комкоммæ  политикон  хъуыдытæ баивынæн.

Гуырдзыстоны  нырыккон   политикон  уавæры,  стыр тыхархайд ракодтон, цæмæй Гуырдзыстон политикон   къухдаиуæгд загътаит нæй, «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъоны райсты тыххæй, кæцы  гæнæн ис  йæ бын ракъаха Гуырдзыстоны  Евроцæдисмæ  фæндагыл.

Уый тыххæй  цæмæй  дзæбæх зонын гуырдзиаг дзыллæйы  тынг фидар проевопаг ахасты фæдыл, мæ телефонон дзырды рæстæджы  хъæугæйыл банымадтон, цæмæй  премьеры  хъусдард раздæхтаин  ацы  закъоны  райстæй æнæуый дæр тæссонд  уавæры мафæкарзкæныны  нысаниуæгмæ, кæцы  гæнæн ис,  расайа   æнæуыйæр   уæззау  ситуацийы  фæкарз, дарддæры  поляризаци æмæ  æнæн æнæконтрол  ситуацитæ Тбилисы  уынгты. Уый тыххæй  Словакийы  фæстаг трагикон   фæзынд æрхастон, куыд цæвиттон æмæ уый  амынд, цæмæй  кæдæм ис гæнæн  бахæццæ уа   поляризацийы бæрзонд æмвæзад  дзыллæйы, фæнды Европæйы дæр.

Ноджы иу хатт хъынцъым кæнын, цæмæй мæ   телефонон дзырды иу хай æнæрмæст æнæхъæнæй  уыд  контекстæй  ист, фæлæ ма  афтæ уыд  дыллæйæн  лæвæрд, цæмæй  уымæн йæ бон уыдис расайдтаит мæ  телефонон  сæрыфыццаг нысаны  бынтон æнæраст интерпретаци.

Ноджы та сидын Гуырдзыстоны хицауадмæ, ма райсæт ацы закъон. Уый курын, куыд  Гуырдзыстоны  дзæбæх зонгæ æмæ ацы  афонмæ  цытгæнæг  хæлар.  Дарддæр кæнын гуырдзиæгтæн  фарсдарын, кæцытæ дарддæр кæнынц  Европаг  фидæнæн  кусын» – райхъусын кодта Вархей.

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Къобахидзе абон  ахæлиу кодта фидиуæн, кæцыйы  дзырдæуы – «дæргъвæтин  шантажы фоныл дæр  дисы æфтауæг уыдис  æртхъирæн, кæцы иуæй-иу еврокомиссаримæ телефонон дзырды  рæстæджы айзæлдис… –  «Кæсут, Фицойыл цы æрцыд æмæ тынг  аæсгай  хъуамæ уат».