Олаф Шольц – Путин  хъуамæ  сразы уа Украинайы  хæсты фæуæлахизы хъом кæй нæу  уыимæ
Олаф Шольц – Путин хъуамæ сразы уа Украинайы хæсты фæуæлахизы хъом кæй нæу уыимæ

Путин  хъуамæ  сразы уа, цæмæй   Украинайы  хæсты кæй  нæ фæуæлахиз уыдзæн уыимæ, –  уый фæдыл  Германийы канцлер  Олаф Шольц  ИНО-йы  генералон   ассамблейыл   ралæуды рæстæджы  загъта.

Германийы  хицауады  къухдариуæггæнæджы  дзырдæй,   Украинаимæ  Путины  хæстæй  империализмы æрыздæхт  катастрофæ уыд  æнæрмæст Европæйæе, фæлæ  ма  глобалонæй  уагæвæрдыл  бындурæвæрд  сабырадон  бонвæткæн.

Шольц  афтæдæр райхъусын кодта, цæмæй Берлин 25  октябры  сфысым кæндзæн   конференцийæн   Украинайы  фæстæмæ  къæхтыл слæууын кæныны фæдыл.

«Украинайы   ныхмæ  Уæрæсейы   оккупацион  хæст  раст кæнын гæнæн нæй.  Президент Путин  ац хæст  дарддæр кæны иу  æфсонæн:  уый  фæнды Украина йæхибакæнын. Хæдбындурдзинад, политикон сæрибардзинад уымæн   æппын ницы нысан кæнынц.  Уый у  империаллизм. Империаллизмы  фæстæмæ æрыздæхын   катастрофа у æнæрмæст Европæйæн, уый афтæдæр катастрофæ у  нæ  глобалон   сабырадон бонвæткæн, кæцы у империаллизмы æмæ  неоколлониализмы  антитезис. Уый тыххæй  уыд афтæ нысаниуæгджын, цæмæй  ацы  ран 141 уæнг  бафаудта  Уæрæсейы  хæст», – банысан кодта Олаф Шольц.