Оккупацион режимы ахст  Заза Гахеладзейы  бинонты уæнгтæ  æмæ æмбæстæгтæ  акци ауагъдтой
Оккупацион режимы ахст Заза Гахеладзейы бинонты уæнгтæ æмæ æмбæстæгтæ акци ауагъдтой

Оккупацион режимы ахст  Заза Гахеладзейы  бинонты уæнгтæ  æмæ æмбæстæгтæ  акцимæ рацыдысты.

Акцийы   хайадисджытæ  нырма  фæсарæн хъуыддæгты министрады раз æрымбырд сты, стæй та   размæлыдысты  хицауады  администрацийы  æрдæм.

Уыдон паддзахадон уагдæтты æмæ хицауалдæй   оккупацион  тыхты  ахст  æмбæстагы хъуыддаджы  фылдæр бастдзинад  курынц æмæ   хъусын кæнынц, цæмæй  æнæмæнгхъæугæ у, алы æхсæнадæмон  организацийæн æмбæлгæйæ  сифтонг кæнын информацийæ.

Акцийыл Заза Гахеладзейы  бинойнаг,  йæ фыд æмæ  йæ хъæбултæ уыдысты. Æрцахстуæвæгы  бинойнаг куыд дзуры  афтæмæй,    нæй  йæм информаци,  Заза Гахеладзейы  уавæры  фæдыл.

«Фылдæр информаци нæм нæй. Цы  зонæм уый дæр журналисттæй   базыдтам.  Паддзахады  ныфс нæ ис. Фæнды  нæ  цæмæй  сæм нæ  хъæлæс  маст  бахъара,   цæмæй  састы бынаты нæ ныллæудзыстæм,  тагъд хъуамæ ссæрибар кæнæм Зазайы.  Не ркуырд  æндæр ницы  у.  Стыр бузныг  хицауадæн,  цæмæй    цы сæ бон  уый архайынц, фæлæ ныр  фарастæм бон у, Заза  скъæфт кæй  у  уый æфæстæ» –  банысан  кодта Ирма Бутхузи.

Афтæма  антиоккупацион  змæлд  «Тых Иудзынады Ис»-ы минæвар  Давит Кацарава  хъусын кæны, цæмæй оккупацион режим цы  адæмы æрцахста  уыдоны ссæрибар кæныны  æркуырдæй,  райсомæй,  къухфыстыты æмбырд кæнын  райдайдзысты, петицийы та  минæварадтæм  æмæ  æхсæнадæмон организацитæм  арвитдзсты.

Уымæй  дарддæр ма, куыд банысан ис афтæмæй,   сабатмæ пълан кæнынц акци ауадзын  Заза Гахеладзейы  кæм æрцахстой  уыцы ран.