Оккупацион режим, Хвича Мгъебришвилийæн æнæзакъонон ахсты æмгъуыд адарддæр кодта
Оккупацион режим, Гуырдзыстоны æмбæстаг Хвича Мгъебришвилийæн æнæзакъонон ахсты æмгъуыд адарддæр кодта.
Фæнысангонд информаци, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн паддзахадон æдасдзинады куысты сбæлвырд кодтой. Фыццаг Канал, æрцахстуæвæгы бинонтимæ дæр фæныхас кодта.
«Майрæмбоны растам фæстаг информаци Сырх Дзуарæй, афтæма МХМ-йæ мæмæ фæдзырдтой æмæ фехъусын кодтой, цæмæй дыууæмæйон развæлгъау ахст йын стæрхон кодтой. Æнхъæл дæн къуырисæры йын хъуамæ уа ноджы иу тæрхоны процесс, фæлæ бæлвырдæй нæ зонын. Мæ мадæн ныффыссын кодтой фыстæг æмæ уырдгæй дæр æнхъæлмæ кæсæм фыстæг рарвитынмæ» – фехъусын кодта Хвича Мгъебришвилийы æфсымæры лæппу Автандил Мгъебришвили.
Автандил Мгъебришвили худæгæй хоны информацийы, цæвиттон Гуырдзыстоны æмбæстаг оккупацигонд территоримæ хæлынбыттыртæ ахсынмæ ахызт.
«Цавæр хæлынбыттыртæ, худæг у! Видеойы зыны бынмæ кæй кæсы æмæ тарст кæй у уый дæр, нæ хъуыдымæ гæсгæ, æвæндонæй йын бакæсын кодтой» – райхъусын кодта Автандил Мгъебришвили.
Хвича Мгъебришвилийы оккупацион тыхтæ 3 июлы рацахстой.
А.Х. æдасдзинады комитет, 16 июлы ахæлиу кодта информаци, цæмæй зæгъгæ «Гуырдзыстоны æмбæстаг, Арцеу æмæ Гъроммæ уый тыххæй ахызт, цæмæй хæлынбыттыртæ æрцахстаит æмæ сæ фæйнæ 5000 доллары аргъæй ауæй кодтаит».