Оккупацион хаххы цур Гъогъеты хъæуы уыд оппозицийы минæвар Нато Чхеидзе
Оккупацион хаххы цур, хъæу Гъогъеты уыдис оппозицийы минæвар Нато Чхеидзе. Уый Гъогъеты уыцы ранмæ бацыд, цы ран уырыссаг æфсæддæттæ хъæдæй цæджындзтæ ныссагъдтой.
Нато Чхеидзе хицауадæн бакой кодта оккупацион хаххы цур цæрæг адæмы проблемæтæ æмæ йæм æрсидтис архайадон къахдзæфтæ саразынмæ.
«Ныр тынг куы фæактивон кодтой зæххытæ хибакæнынæн архæйдтæ, бæрæг у цæмæй хъуамæ æрцыдаин æмæ фæныфсджын кодтаин бынæттон цæрджыты. Æнæмæнгхъæугæ у цыдæр сараза хицауад æмæ йæ капитулянтон политикæйы тыххæй куы ницы аразы, уæд цæрджытæм уæддæр хъуамæ æрбацæуа æмæ сын фидæны ныфс уæддæр ратта. Бæрæг куыд у афтæмæй, хицауад ницы фидæн уыны йæ политикæйæ æмæ уый тыххæй дæр нæ рацæудзæн цæрджытæм. Уый адыл мах, нæ зæрдæ кæмæн риссы цæрджыты трарегдийæ æмæ нæ зæххыты амондыл чи хъуыды кæнæм, уыдон хъуамæ равдисæм протест. Чи зоны ацы нæфæллайгæ протестæй фылдæр саразын кæнæм нæ уæйгонд хицауадæн» – райхъусын кодта оккупацион хаххы цур Нато Чхеидзе.