Оккупацион хаххы цур дохтыр Важа Гаприндашвилийæн фарсхæцæг акци цæуы
Оккупацион хаххы цур дохтыр Важа Гаприндашвилийæн фарсхæцæг акци цæуы. Одзисы хъæуы цур акцийы хайадисджытæ цъус рæстæг размæ ныццыдысты.
Развæлгъау куыд загъдæуыд афтæмæй, акци у æнæдзургæ. Æрцахстуæвæг дохтыры бинонтæ æрмæст чысыл басидт саразын хъавынц.
Фыццаг Республикæйы фæзыл æрымбырдуæвæг, дохтыр Важа Гаприндашвилийы фарсхæцджытæ цъус рæстæг размæ араст сты оккупацион хаххы æрдæм.
Акцийы хайадисджыты æхсæн, бинонтæй дарддæр сты дохтыры коллегæтæ, хуымæтæг æмбæстæгтæ æмæ политикъон партиты минæвæрттæ.
Дохтыр Важа Гаприндашвили нырид дыууæ фæййæ фылдæр у, Цхинвалы изоляторы ахсты кæй уæвы. Дохтыры 9 ноябры æрцахстой.
Оккупанттæ Важа Гаприндашвилийы а.х. арæн сæттыны зылынджын кæнынц, фæлæ Гаприндашвили хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны территорийыл арæнты нымадмæ нæ исы æмæ уымæ гæсгæйæ, нæдæр аххосагыл сæтты.
Оккупацигонд Цхинвалы 13 декабры Важа Гаприндашвилийы а.х. тæрхоны процесс ацыд. Цхинвалы оккупацион режим, Важа Гаприндашвилийы ахсты ныууагъта.