Оккупацигонд территоритæй æрцæуæггаг æмбæстæгтæ, 5 бонон карантины бæсты, тестæй иртæст цæудзысты æмæ  вакцинацийы  процессы баиу уыдзысты
Оккупацигонд территоритæй æрцæуæггаг æмбæстæгтæ, 5 бонон карантины бæсты, тестæй иртæст цæудзысты æмæ вакцинацийы процессы баиу уыдзысты

Оккупацигонд территоритæй   рахизæг чи у, уыцы æмбæстæгтæм гæсгæ архайæг  регуляцитæ  ивынц;  сæрмгаондæй, 19 апрелæй, оккупацигонд территоритыл цæрæг  æмбæстæгтæ, 5 бонон карантины бæсты, антиген-тестæй иртæст цæуыдзысты; афтæдæр юарвæндæй,  вакцинацийы национ планæй  бæрæг  кармæ гæсгæ  къордтæм æмбæлгæйæ, вакцинацийы  процессмæ баиу  уыдзысты – фæнысангонд уынафæ, æхсæнуагдонон координацион  совет, абоны  рабадтыл  рахаста, кæцы  премьер-министр Ираклий  Гъарибашвилийы   къухдариуæгæй  абон ацыд  видео-конференцийы  форматы.

Вакцинæйы  дыууæ дозæйæ  æфтыд  уæнгтæ та, фидæны  Гуырдзыстоны централон  хицауады  контролгонд территоримæ  рахиздзысты уæгъдæй,  афтæ æмæ сæ тестæй иртæст нæ бахъæудзæнис.

Æхсæнуагдонон координацион советы абоны рабадтыл  æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе  афтæдæр бавдыста  вакцинацийы  ауæрæхы  план, кæцыйы уагдон бакуыста премьер-министры барамындæй.

Планмæ гæсгæйæ,   вакцинацийы иугонд приоритетон къордтæ этапгай  сырæздзысты, цæмæй Ковид-19-ы ныхмæ  вакинæйæ æфтауыны  процесс, максималонæй  цырд темпы ацæуа. Банысан ис, цæмæй   премьер-министры  барамындæй  æмæ  процессы  комкоммæ бастдзинадæй,    дарддæр кæны  интенсивон  бадзырдтæ, кæцыйы фæстиуæгæн  бæстæмæ  æввахс фидæны æрбафтдзæн вакцинæйы  уæлæмхас дозæтæ, кæцы сифтонг кæндзæн, вакцинацийы процесс  æнæаскъуынгæ режимæй  ауадзын.