Оккупацигонд Цхинвалы де-факто хицауады минæвар хайад исы Европарламенты уырыссаг форумы
Оккупацигонд Цхинвалы  де-факто хицауады минæвар  хайад исы Европарламенты уырыссаг форумы

Брюсселы,  Европаламенты уагъд форумы  номхуындæй «Евроцæдис 2017 æмæ  Уæрæсейы  Революци 1917»  хайад исы  оккупацигонд Цхинвалы  де-факто  фæсарæн хъуыддæгты министр  Медойты Дмитрий –  уый фæдыл информацийы  хъусын кæны оккупацигонд регоины  медиафæрæз «РЕС».

Рауагъдады информацийæ, форуммæ Медойты Дмитрийы  фæхуыдта Европæйы Уæрæсейаг альянсы  сæрдар,  Татьяна Жданко.

«Форумы фæлгæтты каст æрцæудзæн  «Нырыккон европаг политикæйы  карз проблемæтæ,  Скæсæн  Партнерады проекты  амонд æмæ адæймаджы барты  эволюцийы  фарстытæ» –  фыссы «РЕС».

Форум 3-4 декабры  цæудзæн æмæ  оккупацигон Цхинвалы  медиафæрæзтæ  куыд хъусын кæнынц, афтæмæй плангонд у де-факто  фæсарæн хъуыддæгты министры  дзырдæй ралæуд дæр.

Форумы организатортæ сты  евроцæдисы уырыссагæвзагон  цæрджыты ассоциаци – Европæйы  Уæрæсейаг  альянс  æмæ Уæрæсейы Федерацийы  æхсæнадон палатæйы камис.