Оккупацигонд Ахалгоры районы рæвдауæндæтты педагогтæн, ирон æмæ уырыссаг æвзаг зонынад æнæмæнгхъæугæ ссис
Оккупацигонд Ахалгоры районы рæвдауæндæтты педагогтæн, ирон æмæ уырыссаг æвзаг зонынад æнæмæнгхъæугæ ссис. Уый фæдыл Ахалгоры ног рæвдауæндоны байгомы рæстæджы фæбæрæгш, кæцыйыл уыд де-факто президент Бибылты Анатоли дæр.
Уæвæг информацийæ, сæ куыстæй систой Ахалгоры районы дыууæ рæвдауæндоны зæгъæн ис алы педагогы æмæ се фснайджыты дæр. Ссæрибар кæныны иунæг æфсон уыдис, ирон æмæ уырыссаг æвзæгты кæй нæ зыдтой уый. Ахалгоры гамгебели Нугзар Тиникашвили де-факто режимы ацы скуыддзагы схуыдта, гуырдзиаг æвзагы сæмбонд кæныны æмæ оккупацигонд территорийæ гуырдзиаг бинонты расурыны архайдæй.
«Хъыгаг у, хæдрасидт режим цы къахдзæфтæ æвæры уый. Алцыппæт ай зæдхт у Ахалгоры гуырзиаг æвзаджы суынгæг кæныны æрдæм æмæ уый тыххæй цæуы арызт, цæмæй гуырдзиаг бинонтæ Ахалгоры территори ныууадзой. Дыууæ рæвдауæндон уыдис уым æмæ гуырдзиагæвзагон рæвдауæндон та цалдæр мæйы размæ сæхгæдтой. Ныр сабидонмæ æдппæт цæудзæн 40-ы онг сывæллон æмæ ацы сывæллæттæ гуырдзиаг æвзагæй дарддæр æндæр æвзаг нæ зонынц. Педагогтæн тобæ кæнынц гуырдзиагау ныхас кæнын. Нæдæр педагогтæ сты æмбæлонæй цæттæ. Скъолаты фæстæ нырид сабидæтты архайынц гуырдзиаг æвзаг сæмбонд кæнын» – райхъусын кодта Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы Нугзар Тиникашвили.