Норвегийы хицауад - Сирийы уынаффæ, Абхаз æмæ «Хуссар Ирыстонимæ» дипломативон ахастыты æрфидар кæныны фæдыл, æхсæнадæмон барады хæлд у
Норвегийы хицауады, Гуырдзыстоны сепаратистон регионты нымадмæ райсты фæдыл Сирийы уынаффæйы хоны æхсæнадæмон барады хæлдæй. Уый фæдыл дзырдæуы Норвегийы хицауады веб-фарсыл публикацигонд фидиуæны.
«29 майы Сирийы хицауад райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстоны сепаратистон регионтимæ, Абхазимæ æмæ «Хуссар Ирыстонимæ» хъавы дипломативон ахастыты æрфидар кæнын. Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн 2008 азы гарзджын конфликты фæстиуæгæн, Гуырдзыстон ацы дыууæ регионы хæдбар паддзахадтæй банымадта, Уæрæсе, Венессуэла, Никарагуа æмæ Науру. 31 майы Европæйы Æдасдзинады Æмгуыстады Организацийы советы фембæлдыл Норвегий æмæ æндæр æмхъуыдыджын бæстæтæ райхъусын кодтой, цæмæй дыууæ сепаратистон регионимæ дипломативон ахастытæ æрфидар кæнын, æхсæнадæмон барадмæ гæсгæйæ уыадит территорион принципы æфхæрд. Сирийы уынаффæ Гуырдзыстоны регионты хæдбардзинад банымады тыххæй, у æхсæнадæмон барады хæлд. Норвегийы фарсхæцын Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн æнæвгæ уыдзæн» -дзырдæуы Норвегийы хицауады фидиуæны.