Норвегийы фæсарæн хъуыддæгты министр- Гуырдзыстон нысаниуæгджын къахдлзæфтæ сарызта демократизацийы, адæймаджы барты, дзæбæх хицаудзинады цæстæнгасæй
Æхсызгон мын у официалонæй кæй байгом кодтон Норвегийы минæварад уæ райгуырæн бæстæйы, – загъта Норвегийы фæсарæн хъуыддæгты министр Анникен Хюитфельд Илиа Дарчиашвилиимæ фембæлды фæстæ лæвæрд пресс-конференцийыл.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ ноджы иу хатт бæлвырд хъусын кæны Норвегийы фарсхæцын Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.
Норвегийы фæсарæн хъуыддæгты министры фидиуæнæй, фембæлдыл æркастысты дыууæфарсон ахастытæ стынг кæныны перспективæтæ æмæ уавæр оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл.
«Уæрæсейы бордеризацийы æмæ бацахсыны политикæ, ноджы уæззаудæр кæны бынæттон цæрджыты цард. Уый у бынтон нæрайсгæ æмæ бафауынаг. Райгонд стæм Гуырдзыстоны диалогмæ тыхархайдæй. Афтæма райгонд сты Евроцæдисы æмæ ИНО-йы бастдзинадæй Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы. Ноджы иу хатт курæг стæм Уæрæсейæ, сыххæст кæна æхсæзпунктджын æхсты фæурæды фæдыл 2008 азы бадзырд. Бирæ азы дæргъы Гуырдзыстон нысаниуæгджын къахдзæфтæ сарызта демократизацийы æрдæм, адæймаджы барты æрдæм æмæ дзæбæх хицаудзинады цæстæнгасæй. Фæнды нæ фенæм процесс куыд адарддæр уыдзæн æмæ бæрзонд аргъ скæнæм уымæн, цæмæй Евроцæдисы æрдгæй июны лæвæрд рекомендацитæ сыххæст уыдзысты. Нæкæсгæ уымæ æмæ Евроцæдисы уæнг не стæм, тынг æнгом партнертæ стæм семæ æмæ нæ ахастытæ иумæйаг аргъдзинæдтыл æмæ принциптыл æнцойæвæрд сты», – райхъусын кодта Анникен Хюитфельд.