Норвегийы фæсарæн хъуыддæгты министр- Гуырдзыстон нысаниуæгджын къахдлзæфтæ сарызта демократизацийы, адæймаджы барты, дзæбæх хицаудзинады  цæстæнгасæй
Норвегийы фæсарæн хъуыддæгты министр- Гуырдзыстон нысаниуæгджын къахдлзæфтæ сарызта демократизацийы, адæймаджы барты, дзæбæх хицаудзинады цæстæнгасæй

Æхсызгон мын у официалонæй кæй  байгом кодтон   Норвегийы минæварад   уæ  райгуырæн бæстæйы, –  загъта Норвегийы  фæсарæн хъуыддæгты министр   Анникен  Хюитфельд Илиа Дарчиашвилиимæ  фембæлды  фæстæ  лæвæрд пресс-конференцийыл.

Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ ноджы иу хатт бæлвырд  хъусын кæны  Норвегийы фарсхæцын  Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.

Норвегийы  фæсарæн хъуыддæгты министры  фидиуæнæй,   фембæлдыл   æркастысты   дыууæфарсон ахастытæ стынг кæныны  перспективæтæ æмæ уавæр  оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл.

«Уæрæсейы  бордеризацийы æмæ бацахсыны  политикæ, ноджы   уæззаудæр кæны  бынæттон цæрджыты  цард. Уый у бынтон нæрайсгæ  æмæ бафауынаг.  Райгонд стæм Гуырдзыстоны диалогмæ тыхархайдæй.  Афтæма райгонд  сты  Евроцæдисы æмæ  ИНО-йы бастдзинадæй  Женевæйы  æхсæнадæмон   дискусситы. Ноджы иу  хатт курæг стæм Уæрæсейæ,  сыххæст кæна  æхсæзпунктджын æхсты фæурæды фæдыл  2008 азы бадзырд. Бирæ  азы дæргъы  Гуырдзыстон нысаниуæгджын къахдзæфтæ сарызта  демократизацийы  æрдæм, адæймаджы барты  æрдæм æмæ  дзæбæх  хицаудзинады цæстæнгасæй.  Фæнды нæ  фенæм процесс куыд адарддæр уыдзæн  æмæ  бæрзонд аргъ скæнæм уымæн, цæмæй Евроцæдисы æрдгæй   июны  лæвæрд рекомендацитæ  сыххæст уыдзысты.  Нæкæсгæ уымæ æмæ  Евроцæдисы уæнг не стæм, тынг  æнгом партнертæ  стæм семæ æмæ  нæ ахастытæ  иумæйаг аргъдзинæдтыл æмæ принциптыл æнцойæвæрд сты», –   райхъусын кодта  Анникен Хюитфельд.