Гуырдзыстон æмæ Норвегийы  фæсарæн хъуыддæгты министртæ официалонæй байгом кодтой Норвегийы минæварад Тбилисы
Гуырдзыстон æмæ Норвегийы фæсарæн хъуыддæгты министртæ официалонæй байгом кодтой Норвегийы минæварад Тбилисы

Гуырдзыстоны æмæ Норвегийы  фæсарæн хъуыддæгты министртæ Тбилисы официалонæй байгом кодтой Норвегийы  минæварад.  Минæварады бконд  Норвегийы  фæсарæн хъуыддæгты  министр Анникен  Хюитфельды  Гуырдзыстонмæ  визиты фæлгæтты  сыххæст ис.

Церемонимæ  хуынд  уазджытæм дзырдæй  баздæхт   дыууæдæр бæстæйы æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæг.

«Гуырдзыстоны хицауады номæй,  арфæгæнæг дæн Тбилисы Норвегийы  минæварады  бындурæвæрдæй  æмæ нæ норвегийаг коллегæтæн  бирæ æрдгæй  куысты  æнтыстыты фæндтæ  зæгъы мæ зæрдæ.   Гуырдзыстон æмæ Норвегийы æхсæн  уæвæг дипломатон  ахастыты дæргъвæтин историйы, абоны бон  историон нысаниуæг хæссы. Ацы азы банысан уыдзæн дыууæ бæстæйы  дипломатон ахастытæ сног кæныны 30-æм азы сæр. Минæварады  байгом, фæстаг  æртæ дæсой азы  æнгом  æмæ хæларон  ахастыты æмæ  фæстиуæгджын   æмкуыстады   ирд   бæлвырдгæнæн у, кæцы  дыууæдæр бæстæйæн рахатинаг   фæстиуджытæ æмæ пайда æрхаста» – райхъусын кодта  Илиа Дарчиашвили.

Гуырдзыстон-Норвегийы  фидар æмæ хæларон ахастытыл фæныхас кодта  Норвегийы  фæсарæн хъуыддæгты министр дæр.

«30 азы рацыд  нæ бæстæты æхсæн  дыууæфарсон  ахастытæ  сног кæныны бонæй.  Дипломатон ахастытæ  сæрыфыццаг  сфидар сты  1918 азы, Норвеги нымадмæ куы райста  Гуырдзыстоны Демократон Республикæ.  Ацы факты  онг  20 аз агъомæ та, Норвегийы  иуæй-иу  сеппæтæй номдзыд  автор Кнут  Гамсун Кавказы балц кодта  æмæ Гуырдзыстонæй  зæрдскъæфт фæци. Фыдыбæстæмæ йæ æрыздæхыны фæстæ  уый ныффыста чиныг, «Аргъауы падзахзады»  кæцыйы уый Гуырдзыстоны хæхты  æмæ быдырты тыххæй  фыссы  афтæма  стыр  уарзтæй  дзуры  гуырдзиаг адæмы тыххæй.  Уый фыццы  цæмæй Гуырдзыстон æмæ Кавказ  йын   йæ зæрдыл  балæууын кодтой йæ фыдыбæстæ, сæрмагондæй та Цæгат Норвеги, кæм схъомыл ис уый.  Фыссæджы  дзырдæй, зæгъгæ гуырдзиаг  адæмы куыстуарзагдзинад æмæ фæлтæрддзинад, Цæгат Норвегийы  цæрæг  адæмы   куыстуарзагдзинады, фæлтæрддзинады æмæ  хъуыддагмæ ахасты æнгæс  сты.

Уырнæг дæн, цæмæй уыцы куыстуарзагдзинад, фæлтæрдтæ æмæ ахаст, кæцытæй Кнут Гамсун  куыд Гуырдзыстоны, афтæ Норвегийы æппæлыд, дыууæдæр бæстæйæн   сегасдæр зынаргъ  хæзнайæ  баззайдзæнис.  Куыстуарзагдзинад,  дипломатийы  фæлтæрдтæ æмæ  фæдфæдон  ахаст  куыд никуы  уыдис афтæ нысаниуæгджын,  абон куыд у» –  банысан кодта Унникен  Хюитфельд.

Информаци публикаци кæны  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.