Ног Зеландийы, марихуанайы легализацийы фарстайыл референдум сырæздзæн
Ног Зеландийы, марихуанайы легализацийы фарстайыл референдум ауадздзысты. Ног Зеландийы юстицийы министр Эндрю Литл куыд райхъусын кодта афтæмæй, æппæтадæмон рафраст 2020 азы сырæздзæн.
Уыцы цауы кæд æмæ Ногзеландиæгтæ ацы инициативæимæ сразы уыдзысты, уæд æмбæстæгтæн, кæцыты кар 20 азæй хистæрдæр у, рекреацион нысанæй сæ бон уыдзæн марихуанайæ пайда кæнын.
Ацы рæстæджы марихуана æркæнын æмæ амал кæнын хицауады регуляуци кæндзæн лицензиты фæрцы. Зайæгойы арæнгонд бæрцæй æркæнын уæгъд уыдзæн хæдзары уавæрты дæр.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, референдумы фæстиуджытæ хицауадæн æнæмæнгæй сæххæсткæнинаг уыдзæн.
Ног Зеландийы парламент ивгъуыд азы райста закъон, кæцымæ гæсгæ дæр, хроникон æмæ æнæхосгæнгæ низджын гоймæгтæн, марихуанайæ медликаментты райсын уæгъд у.