Володимир Зеленскийы сидт Белорусмæ
Володимир Зеленскийы сидт Белорусмæ

Абон æвзарæнон  фадгуытæм цæут   референдумы  схъæлæс кæнынæн.  Уыдис гæнæн,  уыдаит хуымæтæг политикон процесс, фæлæ ныр  йын   хумæтæгимæ ницы иумæйаг ис. Ныр ист  цæуы уынаффæ  бынтон æндæр  æмвæзадыл –  ацы ныхæстæ  баздæхт  Украинайы преиздент Володимир Зеленски  белорусаг адæммæ.

Ахæлиугонд видео-сидты  Зеленски куыд  загъта афтæмæй,  Белорусаг  адæм  абон хъуамæ аскуыддзаг кæной сæ фидæн.

«Уæ территорийæ   марынц  нæ  сывæллæтты, куынæг кæнынц нæ хæдзæртæ, архайынц  ацыппæт спырх кæнын,  кæцы дæсгай  азты  дæргъы  арæзтам   æнæрмæст мах, фæлæ ма нæ фыдты  æмæ  нæ фыдыфыдтæ. Ай у де-факто референдум  белорусæгтæн. Сымах хъуамæ аскуыддзаг кæнат чи стут  кæнæ та  уæ  кæмæй фестын фæнды.  Куыд  бакæсдзыстут уæ хъæбултæм сæ цæстытæм,  уæ кæрæдзимæ, уæ сыхæгтæм.  Мах та  раст уæ сыхæгтæ стæм,  украинæгтæ стæм. Уæрæсейæ нæ  фæлæ Белорусæй ут.  Ацы уынаффæ  сымах раст ацытæккæ хъуамæ рахæссат, растдæр абон» – райхъусын кодта Зеленски.

Белорусы  уагъд цæуы  ног конституцийы  фæдыл  референдум.