Ног «Æвзарæнон Кодексмæ» гæсгæйæ, ЦÆК-ы сæрдары сывзардзæн парламент хъæлæсты дыууæ æртыккæгæм хайæ
Парламенты цалдæр бон размæ сфидаргонд «Æвзарæнон Кодексмæ» гæсгæйæ ЦÆК-ы сæрдары, президенты бавдыстæй, парламент сывзары хъæлæсты дыууæ æртыккæгæм хайæ.
Законмæ гæсгæйæ, ЦÆК-ы сæрдар парламенты сконды дыууæ-æртыккæгæм хайы фылдæрты æвзæрсты куы у, уæд йæ æххæстбарты æмгъуыд аххæссы 5 азы, æндæр цауты та – æхсæз мæйы.
Законмæ гæсгæйæ, ЦÆК-ы сæрдары бынатмæ кандидат гæнæн ис уа Гуырдзыстоны амалхъом æмбæстаг 25 азы карæй, кæцы у æнæпартион , ис йын уæллаг ахуырад, дзæбæх зоны Гуырдзыстоны паддзахадон æвзаг æмæ йын ис æнæкъаддæр фондз азы дæргъы кусыны фæлтæрддзинад.
Законæй, ЦÆК-ц сæрдары сывзарыны фæдыл Гуырдзыстоны парламенты уагæвæрд йæ райстæй, авд боны æмгъуыдмæ бавдыст уыдзæн ЦÆК-мæ.
Централон Æвзæрстгæнæн Комиссийы сæрдар, Тамар Жваниа йæ куыстæй йæхи суæгъд кодта.