Æвзарæнон кодексмæ бахæссинаг ивдтытæ парламент  дыккаг кастæй райста
Æвзарæнон кодексмæ бахæссинаг ивдтытæ парламент дыккаг кастæй райста

Парламент Еврокомиссийы  рекомендацитæм гæсгæйæ,   æфвзарæнон кодексмæ бахæссинаг ивдтытæ  дыккаг  байхъуыстæй  88  хъæлæсæй райста.

Æвзарæнон  реформæимæ сразы сты  «Гуырдзиаг Бæллицц», «Лело», «Гирчи», парти «Æмбæстæгтæ», Европаг Социалисттæ», «Реформæты Къорды» æртæ уæнгæй, аст æнæфракци  депутат. «Националон Змæлд» «Стратегиа Агъмашенебели» æм парти «Гуырдзыстоны тыххæй», хъæлæскæнынады хайад нæ райстой.

Евроцæдисы 12  рекомендацийæ, дыккаг   пункт сыххæст кæнынæн, «Гуырдзиаг Бæллицы» бацæттæгонд   проекты дыккаг   хъусыны рæстæджы, æмтгæй райсгæйæ 20-ы   онг ивд  бацыд.  Уыдонæй 13 ног æвзарæнон   реформæйы  OSCE/ODIHR-ы  æмæ Венецийы Комиссийы   рагагъоммæ  хатдзæгы бындурыл фæзындис.

«Гуырдзиаг Бæллиццы» æмæ кусæн  балты фæхицæнгонд  оппозициимæ («Лело», Стратегиа Агъмашенебели» æмæ «Националон Змæлд») дыууæ æхгæд фембæлды фæстиуæгæн,  æрныхас  кодтой  дæс фарстайы фæдыл, кæцытæ  проекты нырид бавдыст сты.

Оппозицийы  æркуырды бындурыл, проектмæ  ноджы иу  бараст бацыд æмæ  æвзарæнон комссийы партион  уæнгтæн   сертифицирдзинад æнæмæнгхъæугæ нал уыдзæн.

Еврокомиссийы  12  рекомендацимæ  гæсгæ бакуыст «æвзарæнон  кодексыл» кусын парламент райдыдта 26 сентябры.