«Нью Хоспиталсы» хъусын кæнынц, цæмæй оператор Лексо Лашкаравайы цалынмæ рафыстаиккой уый размæ алы хъæугæ басгæрст ацыд
Клиникæ «Нью Хоспиталсы» хъусын кæнынц, цæмæй оператор Лексо Лашкаравайы цалынмæ рафыстаиккой уый размæ алы хъæугæ иртаст ауагъдтой.
Клиникæйы директоры дзырдæй, мæлæты цауы ахуыр кæны регулиркæныны агентад.
«Пациент махмæ хос кодта 5-æй 8 июлы онг. 8-ы йæ рафыстам, æнæнæиздзинады уавæр уыд æвæрццаг, сарызтам йын алы хæугæ басгæрст. Цау ныр ахуыр кæны регулир кæныны агентад, кæцыимæ æмкуыст кæнæм, æвзарæм процесс æмæ не рдгæй æххæст æмгуыстад ис, дæттæм сын алыгъуызон информаци.
Рафыссыны тыххæй куы зæгъæм, абсолютонæй стандартмæ гæсгæйæ ацыд алцыппæт. Ам æнахуыр ницы ис, стандаротн процесс у æмæ афтæ рафыссыæм уый хуызæн пациентты. Теоритыл ныхас кæнын гæнæн уыдзæн æрмæст дæр экспертизæйы фæстæ. Рафыссыны размæ йын уагъд уыд компьютерон томографи, алыгъуызон басгæрст» – райхъусын кодта Гиорги Рамишвили.
«тв Пирвелийы» оператор Лексо Лашкарава, кæцыйы 5 июлы фæзындты рæстæджы фыднад скодтой, амардис. Мæлæты аххос ацы рæстæгмæ бæрæг нæу.
Лексо Лашкарава клиникæйы цалдæр боны арвыста, цæй фæстæ дæр æй хæдзармæ рафыстой. Фактыл райдыдта фæдагуырд.