Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады фидиуæн  оператор Лексо Лашкаравайы мæлæты фæдыл
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады фидиуæн оператор Лексо Лашкаравайы мæлæты фæдыл

Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад  оператор Лексо  Лашкаравайы  мæлæты тыххæй   фидиуæн  ахæлиу кодта.

«Америкæйы Иугонд Штатты  минæварад  Тбилисы  стыр зæрдæхъыгæй  тæфæрфæс кæны  Лексо Лашкаравайы   бинонтæн,  сæрыфыццагæй  Лексойы мадæн, йæ коллегæтæн  ТВ Пирвелийы æмæ алкæмæн,  кæмæндæриддæр йæ зæрдæ фæрыстис  йæ мæлæты тыххæй.  Лексо куыд медиапрофессионал, азты дæргъы  камерæимæ куыста  æмæ гæнæн ис  бирæтæ  йæ  нæ дæр базыдтаиккой,  цалынмæ  йæ  фыднад не скодтогй уыцы  уæнгтæ, кæцытæ адæймагы цард  æппын ницæмæ дарынц.  Лексо йæ  коллегæйы æдæрсгæйæ иргъæвыны рæстæджы, равдыста  йæ  иузæрдыгдзинад  фундаментон    сæрибардзинæдтæм,  кæцыйæн кæддæриддæр аргъ кодтой  ацы бæстæйы, у  гуырдзиаг адæмы  сеппæтæй  хуыздæр аууæл  æмæ традици.

Лексомæ лæбурды тыххæй   цалдæр уæнгы æрцахст   фыццаг  æвæрццаг къахдзæф у  расттæрхон сыххæсты рдæм. Алы гуырдзиаг журналисты æдадсзинад æмæ  демократийы  уырнынад  Гуырдзыстоны   домы, цæмæй алчи, чидæриддæр   лæбурдта сабыр æмбæстæгтæм æмæ  журналисттæм  5 æмæ  6 июлы, кæнæ  уыдон чидæриддæр сæ  удцырын кодтой   тыхмидзинадмæ,  хъуамæ раргом  уа,  æрцæуа ахст  æмæ  тæрхондонмæ  лæвæрд æрцæуа   закъоны æххæст карздзинадмæ æмбæлгæйæ. Курæг уæ  стæм сабырдзинад, æмæ  уыцы  тыхмидзинад  кæрон скæнын, кæцы нырид расайдта  иу адæймаджы трагикон мæлæт» –  дзырдæуы фидиуæны.