Нью-Йоркы сæрибардзинадæн цырт туристтæн æрæхгæдтой. Уый æфсонæн та АИШ-ы хицауады куыстурæд æссис. Манхэттеныл туристтæн специалон фæдзæхстон баннертæ райтыгъдтой.
Сæрибардзинадæн цырт нæу иунæг туристон объект, кæцы хицауады финансдзинады рæстæгмæ фæурæды тыххæй æрæхгæдтой. Туристтæн афтæдæр æхгæд æрцыд бюджетæй финансдзинадыл баст националон æмæ музейты æртыккаг хай.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй уæдмæ республикæгтæ бæрнонадон палатæйы райстой рæстæгмæ бюджет, фæлæ демократ сентаорты ныхмæлæуды тыххæй, закъоны сбæлвырд кæнын нал бантыст. Уый фæстиуæгæн, АИШ-ы федералон хицауады куыст рæстæгмæ урæд æрцыд.