Нью-Йоркы æрдхорд  тæрхонгæнджыты тæрхондон Дональд Трампы, тугтæрхоны барады хъуыддагыл  аахосджыныл банымадта
Нью-Йоркы æрдхорд тæрхонгæнджыты тæрхондон Дональд Трампы, тугтæрхоны барады хъуыддагыл аахосджыныл банымадта

Нью-Йоркы æрдхорд  тæрхонгæнджыты тæрхондон Америкæйы  раздæры президент Дональд Трампы, тугтæрхоны барады хъуыддагыл  аахосджыныл банымадта.  Трампы зылынджын кодтой финансон  документтæ фæмæнг кæныны.

Дыууæбонон уынаффæйы  фæстæ, тæрхонгæнджытæ  Дональд Трампы 34  аххосагы зылынджыныл банымадтой. Вердикт рахæссынæн   æрдхорд тæрхонгæнджыты æрдгæй  хъæугæ уыдис  æмхъæлæсон уынаффæ.

Тæрхонгæнæг æффхæрды 11  июлы райхъусын кæндзæн.

Ацы уынаффæйæ  Трамп АИШ-ы историйы фыццаг  раздæры президент у  кæцыйы тугтæрхоны барады фыдракæнды тыххæй раттой тæрхонмæ.

Дональд Трампы зылынджын кодтой 2016 азы разæвзарæнон фондæй  130 мин доллары бахардз кæныны, кæцы документты  барадон лæггаы  хардзтау уыдис  регистриргонд, реалонæй та  ацы  суммæ  порно-сталы Шторми  Дэниэлсæн сесксуалон  контакты фæдыл  æнæсдзырды тыххæй  бафыстой.

Йæхæдæг Дональд Трамп йæхи æнæаххосыл нымайы.

.