«Нью-Йорк Таймсы»  хъусинагæй, Бучайы уынгты  сателитон  къадртæ бацахуыры фæстæ сбæрæг ис, цæмæй мæрдтæ горæты  уынгты  нырид марты астæу бонты  уыдысты
«Нью-Йорк Таймсы» хъусинагæй, Бучайы уынгты сателитон къадртæ бацахуыры фæстæ сбæрæг ис, цæмæй мæрдтæ горæты уынгты нырид марты астæу бонты уыдысты

Рауагъдад « Нью-Йорк Таймс» бацахуыр кодта  горæт Бучайы  уынгты   стаелитон   къамтæ  æмæ  сбæрæг кодта, цæмæй  мæрдтæ  цæрæн пункты  уынгты  нырид марты астæу бонты уыдысты .  Рауагъдады информацимæ гæсгæйæ,  афтæмæй сателитон анализ нæ бæлвырд кæны  Уæрæсейы  хицауады  фидиуæнтæ, цæвиттон  Бучайы   сабыр цæрджыты марындзинад, уырыссаг æфсæддæттæ  горæт  куы ныууыгъдтой уый фæстæ  æрцыд.  Статимæ  гæсгæйæ,   сабыр цæрджыты  ныццагъдтой,  горæты Уæрæсейы  æфсад  куы лæууыд.

Публикацимæ гæсгæйæ,  мæрдтæ Бучайы  уынгты зынынц  11 марты ист сателитон  къамты.  Мардыбуæрттæ  уыдысты уыцы  позицийы  æртæ  къуырийы  фæстæ  сæ  скуыд  ссардтой афтæ.

Уыимæ 2 аппрелы  ист иуæй-иу видеойы зыны дыууæ  хæдтулгæ æмæ мард.  Сателитон  нывæй  бæрæг кæны, цæмæй  фæнысангонд уæнгы   20-æй 21 марты онг  периоды амардтой.  Горæт Бучайы,  знон  уыд Украинайы президент  Володимир Зеленски. Йæ дзырдæй,  зæгъгæ ссардæуыд  300-йæ  фылдæр  сабыр цæрæджы мардыбуар, фæлæ  амæттæгты  реалон нымæц  гæнæн ис  бирæ фылдæр уа, уымæн æмæ   нырма не сбæрæг кодтой алы хæдзары  ныккæнд æмæ  кæрт.  Амæттæгты  хайыл зынынц  хъизæмары фæдтæ, иуæй-иутæн  сæ къухтæ уыдысты  баст.

Бучайы уырыссаг тыхты  фыдракæндтыл абон  æдадсзинад  советы рабадтыл  фæуынаффæ кæндзысты.