Нэд Прайс – Гуырдзыстоны нымайæм стартегион партнерæй, нæ рарды хай у адарддæр кæнæм партнерад æмæ ацы фæндагыл Гуырдзыстонæн æххуыс кæнын
АИШ дарддæр кæндзæн гуырдзыйаг адæмимæ партнерад демократон, æнтыстджын, сабырадон æмæ евроатлантикон фидæнмæ ориентацигонд тырнынадты – уый фæдыл АИШ-ы падздахадон департаменты минæвар Нэд Прайс райхъусын кодта брифингыл.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ АИШ адарддæр кæндзæн хъæддых фарсхæцын хæдбар медийæн, уыдзæн уый Гуырдзыстоны æви æндæр ран.
«Мах тынг дырыс æмæ æргомзæрдæ стæм гуырдзыйаг партнертимæ демократийы æнцой стынг кæныны дæргъвæтин хъæуындзинæдтыл ныхасы рæстæджы, цæй фенын нæ фæнды Гуырдзыстон æмæ Дунейы. Уый æххæссы демократон институттæм æмæ закъоны сæйрагдзинадмæ. Адарддæр кæндзыстæм Гуырдзыстоны адæмимæ партнерад демократон, æнтыстджын, сабырадон æмæ евроатлантикон фидæнмæ ориентацигонд тырнынадты.
Медийы сæрибардзинады æрдгæй, махæй иудадзыг цæуы ныхас сæрибар æмæ хæдбар медийы рол æнæивгæдзинады фæдыл дунейы. Цалдæр боны размæ, паддзахадон нымæрдар Блинкен фæныхас кодта сæрибар æмæ хæдбар медийы æнæмæнгхъæундзинады фæдыл. Банысан кодта, цæмæй ивгъуыд азты дæргъы бирæ журналист ссис тасы æфтауыны æмæ æлхъывды амæттаг, сæ куыст фелхъывдтой æмæ бирæты уыдонæй амардтой, сæ кусæн хæстæ æххæст кæныны рæстæджы æмæ сæ хæс та рæстдзинад зæгъынæй дарддæр ницы у æмæ уыдон ницæмæй архайынц фыссæнæй æмæ клавиатурæйæ дарддæр. Адарддæр кæндзыстæм хъæддых фарсхæцын хæдбар медийæн, уыдзæн уый Гуырдзыстоны, æви кæм фæнды æндæр ран» – райхъусын кодта Нэд Прайс.
Афтæма йæ дзырдæй, АИШ Гуырдзыстоны стратегион партнерæй нымайы æмæ сæ рарды хай у, адарддæр уа Гуырдзыстонимæ партнерад.
Прайс ма банысан кодта, ома Гуырдзыстоны тырнынадты реализаци скæнынæн хъæуы рæстæг, кусын æмæ быхсын.