Нино Ломджариа – Саакашвилийы æнæниздзинады уавæр фæфыддæрдæри, уый йыл визуалонæй дæр зыны
Гуырдзыстоны адæмон барты хъахъхъæнæг Нино Ломджариа Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийы бæрæгдзау уыд клиникæ «Вивамеди»-ы.
Клиникæйæ рацыды фæстæ Ломджариа журналисттæн куыд загъта афтæмæй, зæгъгæ визхуалонæй дæр йыл зыны, цæмй Саакашвилийы æнæниздзинады уавæры цæхгæр фæфыддæр ис.
Афтæма йæ фидиуæнæй, зæгъгæ йæм дохтьыртæй цы информаци ис уымæ гæсгæйæ, Саакашвилийы уавæр фæфыддæри.
«Федтон Михеил Саакашвилийы, мæхæдæг аныхас кодтон йемæ, афтæдæр фембæлдтæн йæ дохтыримæ æмæ адвокатимæ. Михеил Саакашвилиимæ 10 минуты бæрц ныхас кодтам, фылдæр нæ фæразы ныхас. Нæ дæн дохтыр, фæлæ мæ зæрдыл лæууы, цахæм уыдис фарон, январы госпиталы æмæ визуалонæй тынг хъауджыдзинад цæстæуынгæ у. Йæ æнæниздзинады уавæр цæхгæр фæфыддæри, визуалонæй дæр йыл зыны. Практиконæй иудадзыг хуыссы, дохтыртæ дæр мын сбæлвырд кодтой, цæйм йæ къахыл дам нæ лæууы, нæ рацу-бацу кæны.
Дохтыр дзуры, цæмæй сæрмагондæй октябры райдайæнæй, йæ æнæниздзинады уавæр фæфыддæри. Дохтыр уый сбаста цауимæ, прокуррор æмæ тæрхонгæнæг куы бацыдысты уымæ ахæстонмæ. Уый фæстæ Саакашвилийы уавæр эмоцион фоныл фæфыддæри, хæринаг дæр æгъгъæд бæрцæй нæ исы.
Афтæмæй зонын, цæмæй неврологмæ дæр цæттæ у фæстаг хатдзæг, кæцы ныхас кæны неврологион уавæры фæфыддæрыл. «Вивамедийы» дохтыртæ дзурынц, цæмæй уый нæу æнæниз» – райхъусын кодта Нино Ломджариа.