«Иууон Гуырдзыстон-Демокративон Змæлды» лидер Нино Бурджанадзе Мæскуымæ араст ис. Бурджанадзе Уæрæсемæ йæ хъæбулимæ, Анзор Бицъадзеимæ иумæ абалц кодта.
Гуырдзыстоны Фыццаг Кханалæн партийы уæнг Гиорги Ахвледиани куыд фехъусын кодта афтæмæй, дыууæбонон визиты фæлгæтты фембæлдтæ сырæздзæн политикъон зылдты минæвæрттимæ æмæ цух нæу уый дæр цæмæй «Демокративон Змæлды» лидер Мæскуыыйы медийы минæвæрттимæ дæр фембæла.
«Нино Бурджанадзе Мæскуымæ абон ацыд. Фембæлдтæ бæлвырдæй кæйимæ сараздзæн уый фæдыл информаци мæм нæй. Фембæлдтæ уыдзæн политикъон зылдты минæвæрттиæ, эксперттимæ æмæ нæ ацух кæндзынæн фембæлдтæ медийы минæвæрттимæ дæр. Уыдон активонæй архайынц æмæ тынг цымидис кæнынц Нино Бурджанадзе Мæскуымæ куы ныццæуы уæд. Ацы ф ембæлдтæ дыууæ бонмæ фæуыдзысты æмæ алы нысаниуæгджын фембæлды фæдыл Нино Бурджанадзе æмæ йæ пресс-куыст деталон информаци райхъусын кæндзысты» – загъта Ахвледиани.