Николоз Самхарадзе – паддзахад хæсджын у, минæварадты кæнæ консуладты, кæцыты хыгъдыл  уыдзæн 50-йæ фылдæр адæймаг, æвзарæнон фадгуытæ байгом кæна æмæ растдæр афтæ  сараздзæн
Николоз Самхарадзе – паддзахад хæсджын у, минæварадты кæнæ консуладты, кæцыты хыгъдыл уыдзæн 50-йæ фылдæр адæймаг, æвзарæнон фадгуытæ байгом кæна æмæ растдæр афтæ сараздзæн

Минæварады æмæ консулады, кæцыты хыгъды  куыдзæн  50-й фылдæр адæймаг,  закъонмæ гæсгæйæ   паддзхад хæсджын байгом кæна  æвзарæнон фадыг  æмæ  уый афтæ уыдзæн кæд нæ бæстæйы  алы дипломатон æмæ  консулон минæварады  50-йæ фылдæр адæймаг  ауадздзæн йæхи регистрацийы, æвзарæнон фадгуытæ байгом уыдзæн – уый фæдыл  парламенты  æдддæ ахастыты   комитеты  сæрдар Николоз Самхарадзе  фехъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн.

Самхарадзейы  дзырдæй, зæгхгæ консулон хыгъдыл слæууын нæ  нысан кæны, цæмæй  консулад ацы информацийы дæтты уыцы бæстæтæн,  кæцыты ис Гуырдзыстоны  консуладтæ.

«Цыдæр  æнæрхъуыды  фидиуæнтæ ауадысты  мæ хъустыл, ома  цæвиттон   хуыцаубонон  скъолаты æмæ   культурæйы  центрты  ис гæнæн,   æвзæрстытæ ауадзын, кæцы  у абсурд. Æвзарæнон фадыг хъуамæ байгом уа Гуырдзыстоны  территорийыл, æмæ ахæм та  у  кæнæ минæварад кæнæ та консулад.  Æндæр кæцыфæнды уагдон  Гуырдзыстоны  территорийыл нымад нæ  цæуы.  Алкæмæ сидын, æдылы ныхæстæ  ма кæнæд æмæ  закъонмæ ныккæсæд, кæд та уый æппæт зонынц æмæ   дзыллæйы барæй рæдыды  æфтауынц, уæд уый бынтон æндæр проблемæ у. Чи цæмæн нæ  лæууы  консулон хыгъдыл  уый тыххæй мæм информаци нæй, фæлæ  стыр хай уымæн нæ  ацæуынц фæнысангонд  процедурæ, æмæ сын  гæнæн ис  визæйы æрдгæй ис проблемæ æмæ æнхъæлынц, цæмæй   хыгъдыл слæууыны фæстæ сын гæнæн ис  визон проблемæтæ фæзына.  Уыдоны бауырнын кæндзынæн, цæмæй  консулон  хыгъдыл слæууын нæ нысан кæны, цæмæй   консулад ацы информацийы  адæтдзæн уыцы бæстæтæн, кæцыты ис Гуырдзыстоны  консуладтæ, ай у  æрмæст  мид  фæлхасадæн.   Уыдонмæ  нæй  уый бындур, цæмæй  консулон хыгъдыл слæууынæй  сæхи аиуварс кæной», – райхъусын кодта Самхарадзе.